«Картули Оцнеба» - Нацзмæлды» сегасдæр уæззау  фыдракæнд 2008 азы  авантюрæ у,  иттæг нысаниуæгджын у ацы фæзындтæм уа барадон  аргълæвæрд, æвзæрстыты фæстæ  раст уый æрцæудзæн
«Картули Оцнеба» - Нацзмæлды» сегасдæр уæззау фыдракæнд 2008 азы авантюрæ у, иттæг нысаниуæгджын у ацы фæзындтæм уа барадон аргълæвæрд, æвзæрстыты фæстæ раст уый æрцæудзæн

«Националон Змæлд»  бæстæйы æмæ адæмы ныхмæ бирæ фыдракæндтæ сыххæст кодта, фæлæ  сегасдæр стыр æмæ уæззау  фыдракæнд растдæр 2008 азы   авантюрæ у.  нæ бæстæйы æнæфевгъуыйигæ  райрæзт сифтонг кæнынæн  сабырад  сфидар кæнынæн иттæг нысаниуæгджын у  ацы  фæзындтæн æмбæлгæ барадон   аргъ раттæм.  Дзыллæйæн дæттæм   дзырд, цæмæй  æвзæрстыты фæстæ  уый æнæмæнгæй  афтæ æрцæудзæн, – уый фæдыл  «Картули Оцнебайы»  политикон   советы  фидиуæны дзырдæуы.

«Картули Оцнебайы» куыд хъусын кæнынц, афтæмæй 2008  азы  августы фæзындтæн æнæмæнгæй  уыдзæн  барадон аргълæвæрд.

«Ноджы иу  хатт  банысан кæндзыстæм, цæмæй уый тыххæй  æмæ  æхсæнадæмон тæрхондæтты алы рискъытæ  схафтам, 2008  азы  августы  фæзындтæн  æнæмæнгæй  уыдзæн   барадон  аргхлæвæрд.  Уæрæсе-Украинæйы хæсты фоныл,  рацæугæ дыууæ азы   æргомæй  равдыстой  куыд удцырынæй  архайта «Националон Змæлд» Гуырдзыстоны ацы æфсæддон  конфликтмæ баласын  æмæ  нæ бæстæ  хæсты артмæ баласын.  Ацы  аууæл   ноджы иу хатт   сфидар кодта  уырнындзинад,  цæмæй  ацы адæймæгтæ 2008 азы  дæр барæй   сарызтой  уæззау  провокаци æмæ æддæйæ  ист антипаддзахадон  хæслæвæрд   кæронмæ  æмбаргæйæ  сыххæст кодтой. Кæмæй  цыдис  ацы  хæслæвæрд æмæ кæй хæслæвæрдтæ  æххæст кодтой  уæды  хзицауады  бæрзонд гæстæ, а мацы  фарстатыл  барæй  нæ  ныллæудзыстæм, уымæн æмæ  алцæмæн растдæр   æргом барадон процес раргом  кæндзæн.   Мах уыдзыстæм хъастгæнæг фарс ацы процессы  æмæ «Националон Змæлд» бæстæ æмæ адæмы раз  цы гадзрахатгæнæгон  арзæйдтытæ  сыххæст кодта,   уыдоны тыхæй  уыдзæн лæвæрд дзуаппмæ. Ам  хаххгондæй  банысан кæндзыстæм, цæмæй  ацы æппæт  нæ  рог кæны Уæрæсейы  æрдгæй  сыххæст  фыдракæндтæ æмæ  нæдæр уыцы факт, цæмæй нæ  бæстæйы территориты  оккупацийыл  бæрнон  растдæр Уæрæсейы Федераци у», – дзырдæуы  фидиуæны.