Карл Харцелл – уырнæг дæн, алы фарс дæр активон куыст кæндзысты, цæмæй нын уа дзæбæх фæстиуæг, кæд уый гæнæн ис  уæд
Карл Харцелл – уырнæг дæн, алы фарс дæр активон куыст кæндзысты, цæмæй нын уа дзæбæх фæстиуæг, кæд уый гæнæн ис уæд

Бадзырдтæ уыдзæн   сегасдæр хуыздæр вариант,  цæмæй  бацагурæм  уæрæх  консессус, ай уыдзæн  ситуацийæ рацæуыны   тынг дзæбæх  вариант, –  загъта  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар, Карл Харцелл оппозици æмæ хицауады  минæвæрттимæ  фембæлды размæ  журналисттæн.

«Спекуляцитæ нæ райдайдзынæн  ацы  процессы æндæр æмæ æндæр  элементты фæдыл, уымæн æмæ  фæстагмæ, тæрхонгæнæг нæ фæлæ,  фасилитатор  дæн. Скуыддзæгттæ  мæныл баст не сты.  Алы  бадзырдты сегасдæр нысаниуæгджын у, дыууæдæр фарс  максималонæй архайа, цæмæй  ахъуыды кæна  куыд  бавдиса  сæрмагонд позици   амалуæвгæйæ  хуыздæр разыдзинадмæ æрцæуынæн, афтæдæр йын  куыд баххуыс  уа дыккаг фарс  ацы æрдæм.

Рагафонмæ  мæ  бон зæгъын нæу, цавæр уыдзæн фæстиуæг, уымæн æмæ хъуыды кæнын, цæмæй алы фарс   дæр хъуамæ рахæссæт уæззау  скуыддзæгтæ.  Ныфс дарын, бафæраздзыстæм уæрæхмасштабон  разыдзинадмæ æрцæуын,  алы фарс дæр бакусдзысты  активонæй, цæмæй  нын дзæбæх фæстиуæг  уа, кæд уый гæнæн ис  уæд», –  райхъусын кодта Карл Харцелл.

31 октябры  парламентон æвзæрстыты  оппозици хоны  фальсифициргондæй  æмæ  парламентон мандаттыл нæзагъд кæны.  Гуырдзыстоны Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæварадты инициативæйæ,  хицауад æмæ  оппозицийы  бадзырдтæ  цæуынц.  Фембæлдты  фыццаг  дыууæ  раунды æнæфæстиуæгæй  фесты.