Карл Харцелл - сом фендзыстæм, куыд ис гæнæн ноджы иу прогрессмæ æрцæуын, цалынмæ парламент кусын райдайдзæн уæдмæ
Алы фарс дæр диалог адарддæры æмзæрдæ сты æмæ сом фендзыстæм, куыд ис гæнæн ноджы иу прогрессмæ æрцæуын, цалынмæ парламент кусын райдайдзæн уæдмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл райхъусын кодта.
Карл Харцелл куыд банысан кодта афтæмæй, знон оппозицийы æмæ хицауады минæвæрттимæ уыд диалогы радон раунд æмæ нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыдысты.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, дыууæ боны дæргъы уыд нысаниуæгджын прогресс. Афтæма зонæм цæмæй ацы дискуситæ уæззау цæуынц. Сегасдæр ахсджиаг у уый, цæмæй бафæрæзтам иумæйаг цæстæнгас ссарын фидæн æвзарæнон реформæмæ гæсгæ, кæцы мæ хъуыдымæ гæсгæ иттæг нысаниуæгджын у. Уый у скуыддзаггæнæг, цæмæй фидæны æвзæрстыты рæстæджы къаддæр аиппытæ фенæм. Уый дзæбæх хабар у. Æндæр фарстæтæ нырма сты фынгыл. Бирæ цыдæр аскуыддзаг кæнын хъæуы. Фендзыстæм куыд гæнæн ис размæ рацæуын. Алы фарс дæр диалогы адарддæр æмзæрдæ сты, æмæ сом фендзыстæм, куыд ис гæнæн ноджы иу прогрессмæ æрцæуын, цалынмæ парламент кусын райдайдзæн уæдмæ. Æндæр фарстæты тыххæй куы зæгъæм, уæд бакæсæм цы æрцæудзæн сом. Диалогы хайадисджыты комментаритæй куыд фехъуыстат афтæмæй, фæстагмæ уыдоны бахъæудзæн уынаффæ рахæссын, уый та æнцон процесс нæу. Куыд загътон афтæмæй, дарддæр кæндзыстæм бадзырдтæ, цæмæй фенæм, уыдзæн æвин нæ разыдзинадмæ æрцæуын гæнæн сом кæнæ æндæр кæцыфæнды рæстæджы» – загъта Карл Харцелл.