Карл Харцелл – Саакашвилийы хъуыддагмæ лæмынæг нæ цæст дарæм, æлхынцъаг фарста у, цæмæй уымæн куыд ахæстæн йæ фундаментон бартæ æнæхъæнæй хъахъхъæд уа
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелы фидиуæнæй, зæгъгæ Михеил Саакашвилийы хъуыддагмæ лæмбынæг сæ хъус дарынц.
Минæвары дзырдæй, æлхынцъаг фарста у уый цæмæй Саакашвилийы, куыд ахæсты, фундаментон бартæ уа æххæстæй хъахъхъæд.
«Ныры онг дæр загътон, цæмæй æртыккаг президенты хъуыддагмæ лæмбынæг нæ цæст дарæм. Æлхынцъаг фарста у цææй йæ бартæ куыд ахæсты фундаментон бартæ кæронмæ хъахъхъæд уа. Уый æххæссы йæ æнæниздзинадмæ дæр. Йæ хъуыддагмæ цæст дарынц дзæбæх авторитетон органтæ, цахæм дæр у мекдицинон совет æмæ адæмон хъахъхъæнæг, кæцыйæн ис сæрмагонд мандат ацы хъуыддагмæ гæсгæ. Мæхи æрдгæ сеппæтæй хуыздæр уынаффæ уаид омбудсмены рекомендацитæ зæрдыл бадарын» – банысан кодта Карл Харцелл.