Карл Харцелл радзырдта «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы, Евроцæдисæй Гуырдзыстонæн æххуысы фæдыл
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл ныхас кæны Евроцæдисæй Гуырдзыстонæн æххуысы фæдыл. Евроцæдисы минæварады кусæгимæ, Миколай Бекасиакимæ интервьюйы Карл Харцелл райхæлдта, цæмæй цæуыл бахардз уыдзæн пандемийы периоды Евроцæдисæй Гуырдзыстонæн рауæлдайгонд суммæ æмæ куыд срæвдз кæндзæн Евроцæдис ацы суммæйы нысанæмбæлонæй бахардз.
«Пандемийы райдаынæй Евроцæдис æмæ Европæйы бал, «Ковид-19»-ы пандемиимæ тохы Гуырдзыстонæн æххуысæн бафæрæзта 1,5 миллиард ларийы мобилизаци скæнын. Ацы суммæйы 2/3 гранты, кæнæ та лæвары хуызæй у, иннæ хай та, максималонæй уæлбарджын кредиты хуызæй. Сæрыстырæй мæ бон зæгъын у, цæмæй уый у Евроцæдис дунейы кæцы фæнды бæстæйы иу удгоймагæн æххуысы иуæй сегасдæр бæрзонддæр бæрæггæнæн, кæцыйæ цæугæ кризисы рæстæджы Евроцæдисы хъæддых солидарондзинад æвдисы Гуырдзыстонæн.
Нæ æххуыс адих уыдзæн – цыппар сферæйыл – суммæйы æрдæгæй фылдæр бахардз уыдзæн «Ковид-19»-ы кризисыл фæтыхуынæн Гуырдзыстоны хицауады тахайрхайдæн. Сæ нымæцы, антикризисон экономикон пълан сыххæстæн æмæ хицауады æмбæлон функцитæй финансон ифтонгадæн. Ацы нысанæн 100 милуан евроæйы бæрц кредиты фылдæр хай, Гуырдзыстонæн ныридæгæн раттам»- банысан кодта интервьюйы Карл Харцелл.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Евроцæдисы æххуыс комкоммæ здæхт у Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды системæ стынг кæныны рдæм. Сæрмагондæй та, дзырдæуы медицинон ифтонгады æмæ медицинон персонал бацæттæ кæнынæн.
«Уымæй уæлдай, нæ сæйраг тыхархайд здæхт у экономикон фидардзинады æмæ экономикæ сæндидзын кæнынæн æххуысмæ, кæцы стыр рæстæджы дæргъы уыдзæн иуæй-иу сæйраг быцæусидт. Рахицæн кодтам 250 милуан лари бизнестæн кредиттæ рæувадат скæнынæн, афтæма гранттæ ахæм сферæтæн, цахæмдæр сты хъæууон-хæдзарад, хъæуы экономикæ рапарахат кæнын, туризм æмæ профессион ахуыр Æппæт Гуырдзыстоны масштабæй. Ацы нысæнттæ нын ис æмæ раст уыдон сыххæстыл кусæм ныр» – райхъусын кодта Евроцæдисы минæвар.