Карл Харцелл - Мæнæн, куыд æхсæнадæмон цæстдарæгæн, парламентон æвзæрстытыл, нысаниуæгджындæр у канд уæлахизгонд нæ фæлæ куыд æрцæудзæн уый уæлахиздзинадмæ
Мæ цæст дардзынæн ацы æвзарæнон кампанийы цыдмæ, уымæн æмæ мын куыд æхсæнадæмон цæстдарæгæн, бирæ нысаниуæгджындæр у канд уæлахизгонд нæ фæлæ, куыд æрцæудзæн уый улахиздзинадмæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл, 2020 азы парламентон æвзæрстыты тыххæй райхъусын кодта.
Харцелл куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ сæ фæнды æвзæрстытæ бæрзонд стандарттæй ацæуой.
«Дызæрдыг ничи кæны, цæмæй иттæг ахсджиаг æвзæрстытæ уыдзæн. Федтам ног закъондæттынад куыд сфидар ис 8 марты бадзырдмæ гæсгæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уымæй сæвзæрдис ног æмæ позитивон фæлгæт ацы æвзæрстытæн, кæцыйæ ацы æвзæрстыты хайадисджытæ иууылдæр, сæ нымæцы, ног хайадисджытæ дæр позитивонæй спайда кæндзысты.
Æвзæрстыты фæлгæты тыххæй куы зæгъæм, кæцымæ гæсгæ райдайы æвзарæнон кампани, æз позитивон равгыл дæн. Ныфс мæ ис, цæмæй уый æвзæрын кæны фадат позитивон æмæ фылдæр активон кампани ауадзынæн, кæцы фæстагмæ æвзæрстгæнджытæн алкæмæндæр уыдзæн пайдаджын.
Мæ цæст бадардзынæн ацы кампанийы цыдмæ, уымæн æмæ мæнæн, куыд æхсæнадæмон цæстдарæгæн, бирæ нысаниуæгджындæр у канд уæлахизгонд нæ фæлæ, куыд æрцæудзæн уый уæлахиздзинадмæ. Уый у сегасдæр нысаниуæгджын махæн, уымæн æмæ нæ фæнды, цæмæй æзæрстытæ ацæуой бæрзонддæр стандарттæй», – банысан кодта Харцелл.