Карл Харцелл - Февралы кæрон Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсæм вакцинæйы фыццаг партимæ, тунелы кæрон рухс разындис
Февралы кæрон Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсæм вакцинæйы фыццаг партимæ, тунелы кæрон рухс разындис – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.
Уый фæдыл минæвар, журналисттимæ ныхасы рæстæджы зæгъта республикон рынчындоны, кæцымæ Евроцæдис алæвæрдта улæфæн аппараттæ æмæ æндæрæ æмæ æндæр медицинон мигæнæнтæ.
«Коронавирусæй сæвзæргæ кризисы рæстæджы Евроцæдис æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организациимæ æмæ куæнг бæстæтимæ иумæ бирæ æххуыс рахицæн кодта. Абон уыд медицинон ифтонггæрзты радон балæвæрд клиникæмæ – Республикон рынчындонмæ бадæттам улæфæн аппараттæ æмæ æндæр медицинон мигæнæнтæ. Афтæма ембæлдтæн ацы госпиталы кусджытимæ æмæ амондджын дæн уымæй, цæмæй растдæр ахæм адæймæгтæн æххуыс кæнæм, кæцытæ сæрмагонд æнæниздзинады æмæ цард æрвылбойнонæй рискы раз слæууын кæнын æмæ афтæ æххуыс кæнынц пациенттæн.
Æмкуыст кæнæм афтæдæр вакцинацийы фарстыл. Евроцæдис у «Коваксы» платформæ вакцинæтæй ифтонгады сæйраг спонсор æмæ февралы кæронмæ æнхъæлмæ кæсæм фыццаг партимæ. Зæгъæн ис цæмæй тунелы кæрон рухсы разындис» – райхъусын кодта Харцелл.