Карл Харцелл – Фарсыты æхсæн тынг пайдаджын æмæ кæрæдзийæн цытыл æнцойæвæрд дискусси сырæзт
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харуелл хъусын кæны, цæмæй хицауады æмæ оппозицийы минæвæртты æхсæн тынг пайдаджын æмæ кæрæдзийæн цытыл бындуæрвæрд дискуссий ацыд.
Й ныхæстæм гæсгæ, диалогы адарддæримæ алчидæр разы сты.
«Куыд зонæм афтæмæй, Евроцæдис тæккæ райдианы тынг цырын кодта хъусдард цæмæй ацы темæмæ гæсгæ, æууæнкы æмæ поляризаийы фарстаты позициты æрыввахс кæнынæн æнæмæнг уыд серьозон диалог.
Ацы проблемæтыл мах фæхæст стæм фæстаг дыууæ къуырийы мидæг. Ацы дæргъвæтин диалогы хайад райсыны фæстæ мæ фæнды зæгъын уын, цæмæй тынг райгонд дæн, уымæн æмæ фæрсты æхсæн тынг пайдаджын æмæ кæрæдзийæн цытыл æнцойæвæрд дискусси ацыд. Не нхъæлдтон, цæмæй нæ ацы фембæлд æркодтаит кæронбæттæн уынаффæмæю Мæ хъуыдымæ нгæсгæ уый æнæреалон уыдаит.
Фæлæ нын бантыстис уый цæмæй бакусæм диалогы фæрцы, бацахуыр кæнæм гæнæндзинæдтæ æмæ ныфс нæм ис, фидæны ацы фембæлды фæрцы, дуæрттæ байгом уыдзысты. Диалогы адарддæр кæныныл алчи разы сты. Уымæй та бæрæг у, цæмæй серьозон рпоцесс ис» – райхъусын кодта Карл Харцелл.