Карл Харцелл – Евроцæдис хъыгдзинад æвдисы, цæмæй абон хицаугæнæг парти не сразы ис тæрхонон системæйы реформæимæ баст ноджы хæсимæ
Гуырдзыстоны парламент фыццаг кастæй, 19 апрелы бадзырдæй бæрæг, конституцион ивддзинæдты фæдыл, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл ахæлиу кодта фидиуæн.
Харцелы дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдис хъыгдзинады æвдисы, цæмæй абон хицаугæнæг парти не сразы ис тæрхонон системæйы реформæимæ баст ноджы иу хæсимæ, кæцы æххæссыд генералон прокурроры сывзарыны уагмæ.
«Принциптæ, кæцытæ уыдысты ацы ивддзинады бындурæй, Венецийы комиссийы стыр рæстæджы дæргъы уæвæг рекомендаци æвдистой. «Гуырдзиаг Бæллиццы» 19 апрелы бадзырдæй рацыды фæстæ, мах афтæдæр нæ зæрдыл дарæм, цмæй уыдон 28 июлы æхсæнады раз, йæхимæ райста хæсист, ома тæрхонон реформæты сыххæст æмæ инициргонд ивддзинæдты райст уæддæр баныстаит.
Евроцæдис хъыгдзинад æвдисы, цæмæй абон хицаугæнæг парти не сразы ис тæрхонон системæйы реформæимæ баст ноджы иу хæсимæ. Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй ивгъуыд азы июлы Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты фæстæдæр кæй снысан кодтой, OSCE/ODIHR-ы аргълæвæрдæй «цух уыдис намысджындзинадæй, объективондзинад æмæ æууæнкджындзинадæй». Раззаг къуырийы, Евроцæдисы 75 милуан евройы бæрц макро-финансон æххуысы нæбафысты контексты Евроцæдис банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон нæ бафæрæзта æгъгъæд бæрцæй сыххæст кæнын макро-финансон æххуыс райсыны домæнтæ, сæрмагондæй та райрæзын кодтаит тæрхонон системæйы хæдбарад, бæрнондзиинад æмæ куысты гъæд. Уыйадыл тæрхонон системæйы рефрмиркæныны Гуырдзыстоны хæсисты цæстæнгасæй, абоны ивддзинадыл нæзагъд, уыд æртыккаг æнæнтыст ацы дыууæ мæйы мидæг.
Евроцæдис та сиды алы партимæ, фылдæр тыхархайдæй иумæ бакусæт парламенты инклюзивон процессы фæрцы тæрхонон системæйы бындурон реформæтæ сыххæст кæнынæн. Фæлхаттæй дзурын – нæкæсгæ уымæ, æмæ Евроцæдис та цæттæ у баххуыс уа Гуырдзыстоны реформæтæн Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоциацидзинады фæдыл бадзырдмæ æмбæлгæйæ, Евроцæдисы æххуыс та баст уыдзæнис сæйраг реформæты æххæсткæныны рæстæджы размæцыдыл» – банысангонд у Карл Харцеллы ахæлиугонд комментарийы.