Карл Харцелл – дызæрдыг кæнын ома ацы хъуыддагæн стыр тæфаг уыдзæн политикон ландшафтыл
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл дзуапп ратта журналисты фарстæн Ника Мелиайы хъуыддагмæ гæсгæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæйæ, гуырдзиаг политикæйы температурæ виппайды тæвд кæны.
«Фæстаг бонты дæргъы ацы фарстыл тынг бирæ хъуыды кодтон. Фыццаджы дæр зæгъин, цæмæй комментари нæ сараздзынæн йæхæдæг тæрхонон хъуыддагыл, уымæн æмæ цæугæ хъуыддаг у æмæ йын алчи хъуамæ цыт кæна. Зæгъин цæмæй фæстаг бонты дæргъы политикон ландшафты фæфиппайдтам температурæйы стæвд. Уынын дзы риск, цæмæй абоны фæзындты æмæ траекторитæм тыххæй гæнæн ис фарсытæ акъоппыты слæууой.Дызæрдыг кæнын, ома ацы хъуыддагæн стыр æндæвдад уыдзæн политикон лоандшафтмæ æмæ гæнæн нал уыдзæн иумæйаг бындур, иумæйаг аскуыддзагы бацагурын» – райхъусын кодта Харцелл.
Уыимæ иумæ ма Харцелл дзуапп ратта журналисты фарстæн, сырæздзæн æви нæ къуымау Ника Мелиайы æрцахсты фæстæ.
«Уый тыххæй тæрхæттæ кæнын зын у, фæлæ дызæрдыг кæнын уымæй, æмæ хъуыддагæн уыдзæн фылдæр фæрссаг эффекттæ, кæцы фæфиппайдтам æндæр æмæ æндæр фарсы реакцитæм гæсгæйæ. Уый диалогмæ æрыздæхын æмæ иумæйаг бындуртæ бацагуырд фæвазыгджындæр кæндзæн. Уый у мæ хъуыды æмæ ныфс дарын, цæмæй мæ прогноз нæ фæраст уыдзæнис. Ацы фарстыл абон уый йас фæныхас кодтон, цас дæр хъуыдис. Нæ ацæух кæнин уый дæр, цæмæй фидæны бонты æрыздæхдзынæн исты ног хъуыдыимæ фæлæ абоны бонмæ ацы темæйы æгъгъæд фæныхас кодтон» – загъта журналисттæн Евроцæдисы минæвар.