Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй паддзахадон æдасдзинады куыстытæ интересджын сты потенцион тас рабæрæг кæнынæй æмæ сæм ис уый æфсон цæмæй сусæг байхъуыстæй спайда кæнынæй, фæлæ ацы типы интрументтæй архайын хъæуы арæхсгай, цæст дарын йæм хъæуы ахæм архайдæн.
«Фæнды мæ бакой кæнын алкæмæн, цæмæй цæй зæгъын æй хъæуы æдасдзинады кæцыфæнды куыст интересджын у паддзахады æдасдзинадæй, цæмæй цæ цæст дара уыцы тасмæ, кæцыты раз гæнæн ис æрлæууа паддзахад, уый ынмæцы терроризм, дзырдхæссынад. Ис тынг дзæбæх æфсон ацы типы инструменттæй спайда кæнынæн. Фæлæ уыдонæй архайын хъæуы арæхсгай, хъуамæ сæм уа цæстдард æмæ контроль, æмбæлгæ цæстдардæй хъуамæ уа алцыппæт уымæн æмæ ацы архайды иннæ фарс лæууы адæймæгы хисæрмагонд цардуаг, сæрмагонд тыгъдады бар, цæмæй ма суа хивæнд цæстдарды объект» – банысан кодта Карл Харцелл.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, райгонд у уæрæх дискуссийæ сусæг байхъуысты темæйыл.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ныр цæугæ фæдагуырды фæлгæтты, райгонд дæн бирæ уæрæхдæр дискуссийæ ацы цæстдарды равгы, йæ нысаниуæгы фæдыл æмæ уый фæдыл цæмæй цы хатдзæг хъуамæ рахæсса æппæт гуырдзиаг политикон спектр уыцы уавæртæй кæцыйы раз лæууæм, уымæн æмæ цæстдард демократон æхсæнады хай ма хъуамæ уа» – райхъусын кодта Карл Харцелл.