Карл Харцел – Евроцæдис «Рустави 2»-ы хъуыддагмæ лæмбынæг йæ цæст дардзæн
Евроцæдис «Рустави 2»-ы хъуыддагмæ лæмбынæг йæ хъус бадардзæн – уый тыххæй, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар, Карл Харцел, «Рустави 2»-ы фарстайыл ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.
Уый хъасты детæлттыл ныхасæй йæхи баурæдта æмæ банысан кодта, цæмæй медиаплюрализм демократийы æнæмæнгхъæугæ хай у.
«Цыдæриддæр та барадон хъуыддагмæ æххæссы, уый нырма райдиан этапыл ис æмæ мæ бон нæу, хъасты детæлттыл ныхас кæнын. Æрмæст мын уый зæгъын у мæ бон, цæмæй медиаплюрализм æлхынцъон æмæ æнæмæнгхъæугæ скæнæг хай у цыфæнды демократийæн. Евроцæдис ацы хъуыддагмæ лæмбынæг нæ цæст дардзыстæм, раздæр куыд кодтам афтæ», – райхъусын кодта Карл Харцел.
6 майы, телекомпани «Рустави 2»-ы генералон директор сарызта брифинг, кæцы рæстæджы дæр райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ телекомпанийы 9 процентон хайы бардарæг Нино Нижарадзе, ууыл æмæ телекомпанийы акциты æндæр бардарджытыл хъаст кæны æмæ сæ домы æмтгæй райсгæйæ 26 милуан лари. Ника Гварамиайы дзырдæй, Нино Нижарадзе у «Рустави 2»-ы раздæры директоры, ныр мард Гоги Гегешидзейы бинойнаг. Гварамиа хъусын кæны, цæмæй Гегешидзейæн æрымбырд ис бюджетон хæс æмæ ацы хæс нæ бафыста, æнæкæсгæ уымæ, цæмæй Гегешидзейы директорæй уæвыны периоды, къаналы æфтиаг йæ хардзтæй бирæ бæрзонддæр уыд.