Карелы инциденты рæстæджы «Мтавари Архи»-ы оператор фæцæф ис
Карелы инциденты рæстæджы «Мтавари Архи»-ы оператор фæцæф ис

Карелы  инциденты  рæстæджы «Мтавари Архи»-ы  оператор фæцæф ис.  Операторы фæхæццæ  кодтой рынчындонмæ.

«Мтавари Архи»-ы журналист  куыд  хъусын кæны афтæмæй,   оператор  Леван Аблотиайы «Гуырдзиаг Бæллиццы»  бынæттон  офисы  дыккаг уæладзыгæй  раппæрстой.  Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, факты размæ  уыд  физикон быцæудзинад.

Телекомпани «Мтавари Архи»-ы генералон  директор  Ника Гварамиайы  ахæлиугонд информацимæ гæсгæйæ,  Карелы  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æвзарæнон  штабы дыккаг уæладзыгæй  «Мтавари Архи»-ы операторы  раппæрстой, комментари сырæзт «Гуырдзиаг Бæллиццы»  офисы дæр.

Фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар  Мамука Мдинарадзе  куыд райхъусын кодта афтæмæй,    операторы æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы»  штабы  минæвæртты æхсæн  ницы  физикон   быцæудзинад нæ уыд.  Йе мбарынгæнæнмæ гæсгæйæ  «Мтаварийы» исæг  къорд  Карелы   штабы   провокаци скæнын архайдта.

«Бæстыхайæ йæ  куы раддæдуар  кодтой уый  фæстæ,  æцæгдæр уыдис уым  бæрæг быцæудзырд  æмæ  быцæудзинад  не штабы минæвæртты æмæ  журналисты æхсæн, фæстæмæ ссæндыны  рæстæджы Мтавари Архиы  оператор  рацæйцыд,  террасайæ цы  хонынц уым та,  асинты фæзыгыл  æмæ асинты уæллаг   къæпхæнтыл  ахаудта.

Ныфс дарæм цæмæй  алцыппæт дзæбæх уыдзæн. Фыццагон бæрæггæнæнтæй,  куыд  нын хъусын кæнынц афтæмæй  йын  серьозон зиæнттæ нæй» – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  барадхъахъхъæнджытæ  фактыл фæдаугырд райдыдтой. Мамука Мдинарадзейы  дзырдæй  ис  дыууæ видео, кæцыты мидæг æрцæугæ инциндент у æвдыст.