Мидхъуыддæгты министры хæдивæгы Кахабер Сабанадзейы информацийæ, ацы тапыл Панкисы Комы цæугæ фæзындтæм гæсгæ, ахст ничи у.
«Ацы жтапыл ахст ничи у, фæлæ закъон чи саста, уый цæй зæгъын æй хъæуы закъоны фæлгæтты дзуппмæ лæвæрд æрцæудзæн» – райхъусын кодта Кахабер Сабанадзе.
Мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа Панкисы Комы акцийы хайадисджытимæ, æхгæд дуары форматы, камерæтæй цух фембæлд. Фембæлды рæстæджы иуæй-иу бынæттоны хæдзары Гахариаимæ иумæ уыдысты регионалон райтынгы æмæ инфраструктурæйы министр Майя Цкитишвили æмæ æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Леван Давиташвили.
Уæдмæ та Гиорги Гахариа Панкисы Комы уавæримæ бынатыл æрзонгæ ис. МХ министры дзырдæй, спецназы дзуаппон реакци уый расайдта, æмæ цæрджытæ сыл дуртæ æхсын райдыдтой, министры фидиуæнæй, уый зæгъгæ æнæруадзгæ у æмæ йыл реакци уыдзæн тызмæг.
Панкисы Комы бынæттон цæрджыты æмæ специалон нысаниуæгы балы æхсæн быцæудзинады рæстæджы, цалдæр адæймаг фæцæф. МХМ-ы централон криминалон полицийы департаменты директоры хæдивæг Мамука Чъелидзейы информацийæ, Панкисы Комы быцæудзинады фæстиуæгæн æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс бахъуыд 27 адæймагæн, сæ нымæцы 12 бынæттонæн æмæ 15 спецнысаниуæгы балы кусæнæ. Цæф МХМ-ы аст кусæгы фæхæццæ кодтой клиникæмæ.
МХМ æрсидтис акцийы хайадисджытæм, бакоммæ кæсæт полицийы æркуырдмæ, кæннод хъæугæ цауы та, спайда кæндзæн алы специалон фæрæзтæй.
Панкисы Комы бынæттон цæрджыты æмæ сипециалон нысаниуæгы балы æхсæн радон быцæудзинады рæстæджы цалдæр адæймаг райста зиан, сæ нымæцы ис журналисттæ дæр.Акцийы хайадисджытæ спецназы балыл дуртæ æмæ лæдзгуытæ æхстой, æрымбырдуæвджыты ныхмæ та спецназы балы минæвæрттæ цæссыгуадзæн газ æмæ резинæйæ нæмгуытæй спайда кодтой. Бынæттонтæ ГЭС-ы арæзтад протест кæнынц.