Каха Сабанадзейы  æмæ  ноджы  цалдæр  уæнгмæ гæнæн хъусын-цæстдарды фактыл  прокуратурæ райдыдта  фæдагуырд
Каха Сабанадзейы æмæ ноджы цалдæр уæнгмæ гæнæн хъусын-цæстдарды фактыл прокуратурæ райдыдта фæдагуырд

Мидхъуыддæгты министры  раздæры  хæдивæгы  Каха Сабанадзейы   æмæ    ноджы цалдæр  бæрзонд гæсмæ  сусæг хъусын – цæстдарды  фактыл, кæцыйы фæдыл медийы   ахæлиу  ис информаци,  Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ фæдагуырдмæ рывнæлдта.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн прокуратурæйы  куыд фехъусын кодтой,  афтæмæй,    æхсæнадонæй  публикацигонд  информацийы  бындурыл, 2021 азы  22  марты  фæдагуырд райдыдта,  хицæн хицауадон гæсты æрдгæй,   сæ кусæн бартæй  фыдвæнд архайгæйæ, хицæн коммуникацийы  сусæгдзинад гæнæн фехалыны  æмæ  кусæн æххæстбарты  гæнæн фæуæлдай кæныны  фактыл. Сæрмагондæй та,  прокуратурæйы дзурынц, цæмæй  фæдаугырд  райдыдта Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  158-æм  статийы  цыппæрæм хайы  «Б» дæлпунктæй  æмæ 333 статийы  фыццаг хайæ бæрæг  фыдаркæнды  нысæнттыл.