Каха Кучъава дзуапп кæны тæрхонон реформæйы фæдыл минæвæртты фыстæгыл
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Кучъава, тæрхонон реформæйы фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары Келли Дегнаны, Евроцæдисы минæвары Карл Харцелы æмæ Гуырдзыстоны Европæйы советы офисы къухдариуæггæнæгы, Наталиа Вутовайы фыстæгæн дæтты дзуапп.
Каха Кучъава хуъсын кæны, цæмæй парламент тæрхонон хицауадимæ баст уынаффæтæ райсты рæстæджы, конституцийы, закондæттынады, тæрхонон хицауады хæдбарады принципы æмæ партиты къубафыст бадзырдыл æнцойæ архайдзæн.
Парламенты сæрдар куыд фыссы афтæмæй, бадзырдмæ æмбæлгæйæ 2022 азы уалдзæгон сессийы кæронмæ, æхсæнадæмон эксперттимæ æмархайдæй, хъуамæ бацахуырæуа тæрхонон реоформæйы æртыккаг æмæ цыппæрæм уылæнты сыххæсты практикæ æмæ ссарæггæгтыл æнцойæ, тæрхонон реофрмæйы ног пакет бакуыстæуа. Фæнысангонд пакеты хъуамæ уа юстицийы бæрзонддæр советы фарстæтæ дæр. Гуырдзыстоны парламент цæсгомджынæй хъуамæ сæххæст кæна политикон бадзырды банысангонд домæн æмæ документæй бæрæг æмгъуыдтæм æмбæлгæйæ, рухсдзыд æмæ инклюзивон процесстыл æнцойæ, æмбæлгæ закъондæттæг пакет фидæн азы уалдзæгон сессийы крæонмæ райса.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, парламент сбæлвырд кодта ивддзинæдтæ закъоны кæцы Бæрзонддæр тæрхондоны тæрхонгæнджыты сывзарынмæ æххæссы æмæ кæцыйы æвдыст сты Венецийы Комиссийы рекомендацитæ.
«Фидæн къуырийы юридикон комитеты фæлгæтты плангонд у кусæг къорды фембæлд, тæрхонон реформæйыл куыст сплан кæнынæн, кæцыйы ифтонггонд уыдзæн алы партийы минæварад. Гуырдзыстоны конституцийы æмæ æмбæлгæ закъондæттынадмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны парламент хæсджын у юстицийы бæрзонддæр советы æнæтæрхонгæнæг уæнгты цæугæ азы июнмæ сбæлвырд кæнын.
Уымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстоны парламент нæу барджын бюанхъæлмæ кæса 2022 азы уадзæгон сессийыл сыххæст кæнинаг закондæттæн ивддзинæдтæм æмæ советы фондз ваканцис фæдылдзог иу афдзæы дæргъы уæгъдæй ныууадза. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, Гуырдзыстоны парламент хæсджын у, кандидатты равзарæн конкурс æввахс бонты райхъусын кæнæт. Уыимæ иумæ, Гуырдзыстоны парламент æмбары хæсист, советы уæнгтæ политикон партитимæ æмблæгйæ æмархайдæй сывзара. Æз Гуырдзыстоны парламенты сæрдар бæрнон дæн ацы процесс сифтонг кæнын.
Куыд Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, кæцыйы сæрыфыццаг хæс у, Гуырдзыстоны конституци æмæ закондæттынадæй бæрæг процедурæтæ хъахъъæнын, афтæма политикон бадзырды домæнтæм æмблонæй архайын, ноджы иу хатт хаххгондæй хъусын кæнын, цæмæй Гуырдзыстоны парламент архайдзæн, тæрхонон хицауады фæдыл уынаффæ райсты рæстæджы, Гуырдзыстоны конституцийы, Гуырдзыстоны закондæттынады, тæрхонон хицауады хæдбарады принципы æмæ политикон партиты къухбафыст бадзырдыл æнцойæ» – хъусын кæны Каха Кучъава.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл æмæ Америкæйы Иугонд Штатты минæвар Келли Дегнан иумæйаг фыстæг ахæлиу кодтой. Иумæйаг фыстæг, Гуырдзыстоны парламенты сæрадры номыл фыст у æмæ йæ парламенты уæнгтæ дæр райстой. Фыстджæы мидæг дзырдæуы тæрхонон реформæйы фæдыл.