Каха Кучъава дзуапп кæны тæрхонон реформæйы  фæдыл  минæвæртты фыстæгыл
Каха Кучъава дзуапп кæны тæрхонон реформæйы фæдыл минæвæртты фыстæгыл

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Кучъава, тæрхонон реформæйы фæдыл   Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары Келли Дегнаны, Евроцæдисы  минæвары  Карл Харцелы  æмæ  Гуырдзыстоны Европæйы советы  офисы къухдариуæггæнæгы, Наталиа  Вутовайы  фыстæгæн дæтты дзуапп.

Каха Кучъава  хуъсын кæны, цæмæй  парламент  тæрхонон  хицауадимæ баст  уынаффæтæ   райсты  рæстæджы,  конституцийы, закондæттынады, тæрхонон хицауады   хæдбарады принципы  æмæ партиты  къубафыст  бадзырдыл æнцойæ  архайдзæн.

Парламенты сæрдар куыд фыссы афтæмæй,   бадзырдмæ  æмбæлгæйæ  2022  азы  уалдзæгон   сессийы  кæронмæ,  æхсæнадæмон эксперттимæ æмархайдæй, хъуамæ бацахуырæуа   тæрхонон реоформæйы  æртыккаг æмæ цыппæрæм уылæнты  сыххæсты практикæ  æмæ  ссарæггæгтыл æнцойæ,  тæрхонон реофрмæйы  ног  пакет бакуыстæуа. Фæнысангонд пакеты хъуамæ уа  юстицийы  бæрзонддæр советы  фарстæтæ дæр.  Гуырдзыстоны парламент  цæсгомджынæй  хъуамæ сæххæст кæна  политикон  бадзырды  банысангонд  домæн  æмæ  документæй  бæрæг   æмгъуыдтæм  æмбæлгæйæ,   рухсдзыд æмæ  инклюзивон  процесстыл æнцойæ, æмбæлгæ  закъондæттæг   пакет    фидæн азы  уалдзæгон  сессийы  крæонмæ   райса.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   парламент сбæлвырд кодта ивддзинæдтæ  закъоны кæцы  Бæрзонддæр тæрхондоны  тæрхонгæнджыты сывзарынмæ æххæссы æмæ кæцыйы  æвдыст сты Венецийы  Комиссийы рекомендацитæ.

«Фидæн къуырийы  юридикон  комитеты фæлгæтты  плангонд у кусæг къорды  фембæлд, тæрхонон реформæйыл куыст  сплан кæнынæн, кæцыйы  ифтонггонд уыдзæн   алы  партийы   минæварад. Гуырдзыстоны   конституцийы  æмæ æмбæлгæ  закъондæттынадмæ  гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны парламент хæсджын у  юстицийы  бæрзонддæр советы æнæтæрхонгæнæг   уæнгты  цæугæ азы   июнмæ сбæлвырд кæнын.

Уымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстоны парламент нæу барджын  бюанхъæлмæ кæса  2022  азы  уадзæгон  сессийыл сыххæст кæнинаг     закондæттæн ивддзинæдтæм  æмæ  советы  фондз ваканцис  фæдылдзог иу  афдзæы  дæргъы  уæгъдæй  ныууадза.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр,  Гуырдзыстоны парламент хæсджын у, кандидатты  равзарæн  конкурс æввахс  бонты  райхъусын кæнæт.   Уыимæ иумæ, Гуырдзыстоны парламент  æмбары  хæсист, советы уæнгтæ  политикон партитимæ æмблæгйæ  æмархайдæй  сывзара.  Æз Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар бæрнон дæн ацы процесс   сифтонг кæнын.

Куыд Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, кæцыйы  сæрыфыццаг хæс у, Гуырдзыстоны конституци æмæ  закондæттынадæй бæрæг  процедурæтæ хъахъъæнын, афтæма  политикон бадзырды домæнтæм æмблонæй архайын, ноджы иу  хатт хаххгондæй   хъусын кæнын, цæмæй  Гуырдзыстоны парламент архайдзæн, тæрхонон  хицауады фæдыл  уынаффæ райсты рæстæджы, Гуырдзыстоны конституцийы, Гуырдзыстоны  закондæттынады,  тæрхонон хицауады хæдбарады принципы  æмæ  политикон партиты  къухбафыст   бадзырдыл æнцойæ» – хъусын кæны  Каха Кучъава.

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар  Карл Харцелл æмæ Америкæйы Иугонд Штатты  минæвар Келли Дегнан  иумæйаг фыстæг ахæлиу кодтой.  Иумæйаг фыстæг,   Гуырдзыстоны парламенты сæрадры  номыл  фыст у  æмæ  йæ  парламенты уæнгтæ дæр райстой.  Фыстджæы мидæг дзырдæуы  тæрхонон реформæйы фæдыл.