Каха Кучъава – гаранти уын дæттын, сусæг ныффыстыты тыххæй нын иууыл тагъд уыдзæн   фадат, цæмæй æмбæлгæ  уагдæттæ  алы  фарстæн раттой  дзуапп
Каха Кучъава – гаранти уын дæттын, сусæг ныффыстыты тыххæй нын иууыл тагъд уыдзæн фадат, цæмæй æмбæлгæ уагдæттæ алы фарстæн раттой дзуапп

Парламенты сæрдар Каха Кучъавайы фидиуæнæй,  зæгъгæ  ахæлиугонд  сусæг ныффыстытæм гæсгæ  фæдагуырд  цавæрдæр этапмæ куы бацæудзæн уый фæстæ,  депутаттæм уыдзæн фадат  закъондæттæг  органы фарстытæ  раттын æмбæлгæ  уæнгтæн.

Каха Кучъава  оппозиционер депутат Мамука Хазарадзейы  фидиуæны  дзыуппæн  куыд банысан кодта афтæмæй,  депутаттæн  æмбæлгæ уагдæтты  къухдариуæггæнджытæн  фарстытæ  раттыны  фадат  тагъд фæзындзæн.

«Ноджы иу хатт зæгъдзынæн,  ныхас цæуы  «Кребстыл», ныхæстæй дзургæ  формæйæ ис текст   бавдыст.  Сымах  райхæлдтат нæ?! Гæнæн ис  æндæр паддзахад  дам нæм  хъуса, кæнæ  чи ис гæнæн  æмæ нæм хъуса.  Закъонмæ æмбæлгæйæ  хъуса æви  æнæзакъононæй,  мах ам уый  сбæрæг  кæндзыстæм.  Иууыл цъус  цавæрдæр этапмæ куы бацæудзæн фæдагуырд,  кæцыйы  бындурыл алы  фарстæн ратдзыстæм  дзуапп.  Гаранти уын дæттын, уый фадат нын уыдзæн тынг тагъд, цæмæй  алы фарст кæцы уæм ис  айзæла  æмæ æмбæлгæ  уагдæттæ  уын раттой  уыдоныл дзуаппытæ» – райхъусын кодта Каха Кучъава Мамука Хазарадзейы  дзуаппæн.

«Лелойы» лидер  Мамука Хазарадзек, парламенты  сессийыл   Каха Кучъавайы фарста, цæмæн нæ фæсидтысты ахæлиугонд сусæг ныффыстыты хъуыддагыл  парламентмæ  æмбæлгæ уагдæтты  минæвæрттæ.

«Фæнды мæ  бафæрсын Каха Кучъавайы,  æз дæн уæ коллегæ, кæцы æргомæй  сфиксир кодта  мæ ныффыстыты 19  цау, сæйт прокуратурæйы  40 ныфыыст сбæлвырд кодтон цææмй автентон сты, фæрсын уæ, сымах, куыд паралменты сæрадр,  цы сарызтат?» – банысан кодта  Хазарадзе  йæ ралæуды рæстæджы.