Каха Каладзе – сигнал уыдис æнцонæмбарæн, гуырдзиæгтæ дзæбæх адæм стут, фæлæ уын уæ хицауад нæ бæззы, фæлæ гуырдзиаг лæг зондджын у, нæ сын рауадис æмæ тыхыбын фесты статус раттын
Сигнал уыдис æнцон, гуырдзиæгтæ дзæбæх адæм стут, фæлæ уын хицауад нæ бæззы, фæлæ гуырлщиаг лæг зондджын у, нæ сын рауадис сызмæнтын æмæ тыхыбын уыдысты статус раттын – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ исты æнтыстмæ кæд æрцыдыстæм, уый æрмæст «Картули Оцнебаимæ» у баст.
«Реформæтæ дарддæр кæнынц. Бæстæ кандидаты статус райста, фæлæ мах нæ ныллæудзыстæм. Бавдыст у а.х. фараст пунктджын план, кæцымæ гæсгæ архайæм фæд-фæдонæй. Алцыппæт цæуы арызт, цæмæй Гуырдзыстоны евроинтеграцийы фæндагыл æнтыстмæ æрцæуа. Гуырдзыстонмæ уæдмæ дæр æмбæлдис кандидаты статус. Алы домæнтæй куы абарæм бæстæтимæ кæцытæм лæвæрд уыд статус, Гуырдзыстоны бафхæрдтой, кæд искæмæ исты æнтыстджын реформæ уыдис, алкæимæ абаргæйæ, бирæ раздæр лæууы нæ бæстæ. Уый уыдис политикон уынаффæ æмæ йын йæхи аххос уыи. Сæйраг аххсо бæстæйы сызмæнтын, дестабилизацидзинад, адæмы хицауады ныхмæ сыстын кæнын. Сигнал сын уыдис тынг æнцонæмбарæн, гуырдзиæгтæ дзæбæх адæм стут фæлæ уын уæ хицауад нæ бæззы. Афтæ сæ фæндыд, фæлæ гуырдзиаг лæг зондджын у, нæ сын рауадис уый саразын æмæ тыхбын фесты бæстæйæн кандидаты статус раттын, кæцы нæм уæдмæ дæр æмбæлдис. Уымæ нæкæсгæ æмæ президент æмæ конкретон политиктæ иу ралæууыдысты æмæ дзырдтой, цæмæй кандидаты статусы аккаг не стæм, бæстæ алцыппæт сарызта евроинтеграцийы фæндагыл. Кæд исты æнтыстмæ æрцыдыстæм, уæд уый баст у æрмæстдæр «Картули Оцнебаимæ», 2012 азы фæстæ» – райхъусын кодта Каладзе.