Каха  Каладзе – Сергей Лавровы фидиуæн  позитивон у, фæлæ  ацы  фидиуæнимæ иумæ, дзæбæх уайид  параллелонæй  архайадон  къахдзæфтæ саразын,  цахæмдæр у Гуырдзыстоны  территоритæй æфсады раконд
Каха Каладзе – Сергей Лавровы фидиуæн позитивон у, фæлæ ацы фидиуæнимæ иумæ, дзæбæх уайид параллелонæй архайадон къахдзæфтæ саразын, цахæмдæр у Гуырдзыстоны территоритæй æфсады раконд

Уый цæмæй  Уæрæсе  райы  æмæ  йæ къух сараздзæн, цæмæй  æрцæуа фидыд,  уый  кæй зæгъын æй хъæуы  позитивон у – уый фæдыл Тбилисы мэр,  Каха Каладзе  медиаимæ   ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта, цæмæй  дæр сдзуапп  кодта  Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр СерГей Лавровы  фидиуæнæн.

Каладзейы дзырдæй,  зæгъгæ хицаугæнæг балы  иуæй-иу сæйраг  рард у  бæстæйы территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæннын, кæцы  бадзырдты фæндагæй  хъуамæ  æрцæуа.

«Уый фæдыл  партийы  цытджын сæрдар, Бидзина Иванишвили   тынг уæрæх  фæныхас  кодта. Уый  хъуамæ æрцæуа  кæрæдзиимæ  фидыдæй, æрмæстдæр  сабырæй,  райрæзтæй,  кæрæдзийæн ныххатырæй.  Мах алчи хъуамæ бафæразæм,   ивгъудыы  анализ  саразын, афтæма  цы  фæрæдыдстæм.  Мах нæ хъавæм  уыцы  параллелон  дунейы  цæрын, кæцыйы  коллективон радикалон «Националон Змæлд»  йæ  хицæуттимæ иумæ  æвзæрын кæны» – райхъусын кодта  Каха  Каладзе.

Тбилисы мэр б Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министры  фидиуæны  позитивонæй  схуыдта æмæ ныфс равдыста, цæмæй  фииуæны фæстæ  уыдзæн архайадон къахдзæфтæ.

«Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты имнистры  фидиуæны тыххæй  куы  зæгъæм, уæд кæй  зæгъын æй хъæуы  нæ зицауад  йын позитивонæй  аргъ кæны  фæнысангонд фидиуæнæн. Уый  цæмæй  Уæрæсейы  райдзæн æмæ йæ  къух  дæр сараздзæн   цæмæй  фидыд æрцæуа, уый  кæй зæгъын æй хъæуы  позитивон  у. Фæлæ  æз  зæгъин, цæмæй  ацы  фидиуæнимæ иумæ,  дзæбæх  уайид архайадн къæфдзæтæ  дæр  куы  уа  уый. Дæнæн, кæд нæ территориты  бæрæг хайыл, кæцы оккупацигонд  у  æмæ цы ран  абон   Уæрæсейы  базæтæ  ис, ацы  фидиуæнимæ иумæ, параллелонæй  дзææх уайид, цæмæй райдайа    фæнды  архайадон  планы  бакуыст, цæмй æрцæуа ацы  хæйттæй, æфсады раконд  Гуырдзыстоны территорийæ. Ноджы иу хатт  дзурын, Гуырдзыстоны хицауад, алцыппæт  сараздзæн уый тыххæй, цæмæй нæ  ирон æмæ абхазаг   æфсымæр æмæ хотимæ иумæ  бафидауæм.   Æрмæстдæр сабырæй  æмæ  кæрæзийæн  ныххатырæй у  нæ бон   территорион  æнæхъæндзинады  сног æмæ   æмцард» –  банысан кодта  Каха  Каладзе.