Каха Каладзе – Премьер-министр сом райхъусын кæндзæн  иттæг нысаниуæгджын уынаффæ  уæлдайджын хæстыл фæтыхуыны фæндагыл, растдæр уый тыххæй  сæвæрдта  Григол Вашадзе  клоунадæ
Каха Каладзе – Премьер-министр сом райхъусын кæндзæн иттæг нысаниуæгджын уынаффæ уæлдайджын хæстыл фæтыхуыны фæндагыл, растдæр уый тыххæй сæвæрдта Григол Вашадзе клоунадæ

Бæрæг куыд у афтæмæй  «Националон Змæлд» æмæ йæ  лидер  шокы  бафтыдта  информаци  уый тыххæй, цæмæй  Гуырдзыстоны  хицауад   сом  хъавы  масштабон  æмæ принципон    уынаффæ райхъусын кæнын,  кæцы уыдзæн иттæг нысаниуæгджын  къахдзæф  уæлдайджын хæстыл фæтыхуыны  æмæ «сау номхыгъдæй»  цы  хонынц  уыцы  проблемæйы аскуыфддзаг кæныны фæндыгал –  уый тыххæй  партий «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны»  генералон нымæрдар  Тбилисы мэр  Каха Каладзе  абон   уагъд  брифингыл райхъусын кодта.

«Ацы шок рахатинаг  уыд   уыцы  клоунадæйæ, кæцы цалдæр сахаты размæ   комкомме  эфиры   сæвæрдта  Григол Вашадзе» –  банысан кодта Каха Каладзе.

Афтæдæр  йæ  ныхæстæм гæсгæ,  «Гуырдзиаг Бæллицц»  æххæст кæны  йæ  ныфсæвæрд,  кæцыйыл партийы   сæрдар  Бидзина Иванишвили  политикæмæ æрыздæхыны  рæстæджы  ныхас кодта  æмæ   кæцыйы  æххæст кæнын  премьер-министр  Мамука Бахтадзе нырма  финансты  министрæй  уæвыны рæстæджы райдыдта.

«Фæнды мæ   зæгъын  «Националон Змæлды»  лидертæн:  басабыр ут, гæрт-гæрт ма кæнут æмæ  æрфидаут уыйимæ, цæмææ хицауад сымах цы  проблемæтæ ныууагъдтат  уыдоны аскуыддзаг кæндзæн.  Банхъæлмæ кæсут  сом  премьер-министр  райхъусын кæндзæн  ацы  егъаунысаниуæгджын  уынаффæйы  тыххæй    уæлдайджын хæсты проблемæ  аскуыддзаг кæныны  фæндагыл» – райхъусын кодта Каха Каладзе.

«Националон Змæлды»  президенттæм кандидат  Григол Вашадзе,  æмбæстæгты, банкъон   хæсты  фæдыл  Гуырдзыстоны хицауадмæ  абон цалдæр æркуырдæй баздæхтис. Григол Вашадзе хицауадæй  æрдомтта  æнæаргъæвгæйæ  срæвдз кæнын  æмбæстæгты  а.х.  кредиторты номхыгъдтæй суæгъд кæнын  æмæ  сæ  кредиттæ  паддзахадмæ адæттын.