Каха Каладзе – Премьер-министр сом райхъусын кæндзæн иттæг нысаниуæгджын уынаффæ уæлдайджын хæстыл фæтыхуыны фæндагыл, растдæр уый тыххæй сæвæрдта Григол Вашадзе клоунадæ
Бæрæг куыд у афтæмæй «Националон Змæлд» æмæ йæ лидер шокы бафтыдта информаци уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад сом хъавы масштабон æмæ принципон уынаффæ райхъусын кæнын, кæцы уыдзæн иттæг нысаниуæгджын къахдзæф уæлдайджын хæстыл фæтыхуыны æмæ «сау номхыгъдæй» цы хонынц уыцы проблемæйы аскуыфддзаг кæныны фæндыгал – уый тыххæй партий «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» генералон нымæрдар Тбилисы мэр Каха Каладзе абон уагъд брифингыл райхъусын кодта.
«Ацы шок рахатинаг уыд уыцы клоунадæйæ, кæцы цалдæр сахаты размæ комкомме эфиры сæвæрдта Григол Вашадзе» – банысан кодта Каха Каладзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, «Гуырдзиаг Бæллицц» æххæст кæны йæ ныфсæвæрд, кæцыйыл партийы сæрдар Бидзина Иванишвили политикæмæ æрыздæхыны рæстæджы ныхас кодта æмæ кæцыйы æххæст кæнын премьер-министр Мамука Бахтадзе нырма финансты министрæй уæвыны рæстæджы райдыдта.
«Фæнды мæ зæгъын «Националон Змæлды» лидертæн: басабыр ут, гæрт-гæрт ма кæнут æмæ æрфидаут уыйимæ, цæмææ хицауад сымах цы проблемæтæ ныууагъдтат уыдоны аскуыддзаг кæндзæн. Банхъæлмæ кæсут сом премьер-министр райхъусын кæндзæн ацы егъаунысаниуæгджын уынаффæйы тыххæй уæлдайджын хæсты проблемæ аскуыддзаг кæныны фæндагыл» – райхъусын кодта Каха Каладзе.
«Националон Змæлды» президенттæм кандидат Григол Вашадзе, æмбæстæгты, банкъон хæсты фæдыл Гуырдзыстоны хицауадмæ абон цалдæр æркуырдæй баздæхтис. Григол Вашадзе хицауадæй æрдомтта æнæаргъæвгæйæ срæвдз кæнын æмбæстæгты а.х. кредиторты номхыгъдтæй суæгъд кæнын æмæ сæ кредиттæ паддзахадмæ адæттын.