Программæ, кæцыйы мах бавдыстам, йæ хъуыдыйы дары зæгъæн ис 750 ног, европаг типы автобусы æрласын, кæцыйы ацы аз райдайдзыстæм – уый фæдыл журналисттæн Тбилисы мер, Каха Каладзе сæйраг сахары мерийы структурон ивдтыты презентацийы фæстæ райхъусын кодта.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, цыппар азы дæргыъы бургъуыз автобустæ æххæстæй ивд æрцæудзысты æмæ æрлæууæныл æнхъæлмæ касты рæстæг фæкъаддæр уыдзæн.
«Æхсæнадон транспорты æрдгæй, ис проблемæтæ. Ацы проблемæтæ сæвзæрд уымæй, цæмæй нын нæй æгъгъæд нымæцы автобустæ. Программæ, кæцыйы бавдыстам, йæ хъуыдыйы дары 750 ног европаг типы автобусы æрласын, кæцыйы ацы аз райдайдзыстæм æмæ фидæн 4 азы дæргъы æххæстæй ивд æрцæудзæн бургъуыз автобустæ. Уый нын ратдзæн фадат, æнхъæлмæкасты рæстæг фæкъаддæр уа, кæцы абон у проблемæ. Проблемæ у уый дæр, цæмæй конкретон сыхтæ, цы ран æхсæнадон транспорт æппын не змæлы. Ацы проекты руаджы, ацы проблемæ аскуыддзаг уыдзæн» – банысан кодта Каха Каладзе.