Каха Каладзе – Ног европаг типы автобусты ацы аз æрласдзыстæм
Каха Каладзе – Ног европаг типы  автобусты  ацы аз æрласдзыстæм

Программæ, кæцыйы мах бавдыстам,   йæ хъуыдыйы дары  зæгъæн ис  750  ног,   европаг типы  автобусы æрласын,  кæцыйы  ацы аз райдайдзыстæм –   уый фæдыл  журналисттæн Тбилисы мер, Каха Каладзе  сæйраг сахары мерийы  структурон  ивдтыты  презентацийы  фæстæ  райхъусын кодта.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,  цыппар азы дæргыъы  бургъуыз  автобустæ  æххæстæй ивд æрцæудзысты æмæ   æрлæууæныл  æнхъæлмæ касты рæстæг фæкъаддæр уыдзæн.

«Æхсæнадон транспорты  æрдгæй,    ис проблемæтæ.   Ацы проблемæтæ сæвзæрд  уымæй, цæмæй нын нæй   æгъгъæд  нымæцы  автобустæ.   Программæ, кæцыйы бавдыстам,  йæ хъуыдыйы дары  750  ног европаг  типы автобусы  æрласын,  кæцыйы  ацы аз  райдайдзыстæм  æмæ фидæн  4  азы дæргъы  æххæстæй  ивд æрцæудзæн   бургъуыз автобустæ.  Уый нын  ратдзæн фадат,  æнхъæлмæкасты рæстæг фæкъаддæр уа, кæцы  абон у  проблемæ.   Проблемæ у уый дæр,  цæмæй конкретон   сыхтæ, цы ран   æхсæнадон транспорт   æппын не змæлы.  Ацы проекты руаджы,   ацы  проблемæ  аскуыддзаг уыдзæн» –  банысан кодта Каха Каладзе.