Каха Каладзе – «Картули Оцнеба» нæ хъавы партиты фæтобæ кæнын, дзырдæуы  конкретон  фыдгæнæгон  кордыл, кæцы  сыххæст кодта  фыдаркæнд, уый фæдыл дзыллæмæ хъуамæ уа  информаци
Каха Каладзе – «Картули Оцнеба» нæ хъавы партиты фæтобæ кæнын, дзырдæуы конкретон фыдгæнæгон кордыл, кæцы сыххæст кодта фыдаркæнд, уый фæдыл дзыллæмæ хъуамæ уа информаци

«Картули Оцнеба»  партиты  фæтобæ  кæнын нæ хъавы, уый  мæнг у,  -уый фæдыл   сæйраг горæты мэр Каха  Каладзе   загхт ажурналисттæн.

Каладзе куыд  райхæлдта афтæмæй,    дзырдæуы   ивгъуыды  сыххæст фыдгæнæгон архæйддтытыл, кæцы æххæссы  территориты  фесафынмæ æмæ  кæцыйыл хъæуы  фæдагуырд ауадзын.

Каладзейы дзырдæй,  дзыллæмæ  ацы  фарстайыл  æххæст информаци хъуамæ уа.

«Картули Оцнеба» нæ хъавы партиты фæтобæ кæнын,  сымах куды дзурут афтæ. Уый у  мæнг, æмæ æнæраст информаци. Дзырдæуы  ивгъуыды  сыххæст фыдгæнæгон архæйддтытыл, кæцы æххæссы  территориты  фесафынмæ æмæ  кæцыйыл хъæуы  фæдагуырд ауадзын. Уый фæдыл дзыллæмæ  ацы  фарстайыл  æххæст информаци хъуамæ уа. Ацы  æнæзонд   архæйдтыты фæстиуæгæн, кæцы   æнхъæлын, цæмæй  æддæйæ  заказгонд уыд,  мах фесæфтам территоритæ,  амардис нын  бирæ æхсарджын  æфсæддон æмæ   сабыр æмбæстаг, абондæр локкупацигонд у  бæстæйы   стыр хай. Кæцыфæнды гуырдзиаг,   чидæриддæр нæ бæстæ,  фыдыбæстæ  уарзы,  куы  сæ бауромат  æмæ бафæрсат, цы у  бæстæйы  сæйраг приоритет, зæгъдзысты, цæмæй  у  территорион æнæзхъхæндзинад.  Ацы æнæзонд архæйдтыты æмæ хæрамдзинады, цы  сыххæст кодтой   уымæн хъæуы  йæ  фæд равзарын.  Хъæуы  фарстытыл  дзуаппытæ раттын æмæ  фдыгæнджытæ хъуамæ  уой дзуаппмæ  лæвæрд.  Уыдон резолюцийыл бафыстой къуз, уыцы резолюци дæр у хæрамдзинад. Куыд ис гæнæн  дæ  бæстæйы фæаххосджын кæнай хæст райдаыны? Резолюцийы  фыст уыдис, цæмæй  фынæй  Цхинвалыл  бомбæкалд ракодтам æмæ  ууыл бафыстой  къух.  Алы  фарстæн хъæуы дзуапп раттын, æмæ алы   фыдгæнæгы  раттын  дзуаппмæ»”, –  райхъусын кодта Каха Каладзе.