Каха Каладзе – æцæгдæр мын нæу æхсызгон искæй ахст æмæ ахæстоны сыхгæнын, афтæ куыд мын нæ уыдис æхсызгон Саакашвилийы режимы рæстæджы конкретон бинонты куы сæнамонд кодтой уый
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» Тбилисы мертæм кандидат Каха Каладзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили кæм хъуамæ уа раст уым ис, конкретон фыдракæнд куы ракодта уый тыххæй. Уый фæдыл Каладзе Михеил Саакашвилийы ахсты уæвыны тыххæй фарсты дзуаппæн загъта.
«Михеил Саакашвили конкретон фыдракæнд сыххæст кодта. Мæнæн куыд ацы бæстæйы æмбæстагæн, æхсызгон нæу искæй рцахсын æмæ ахæстоны сыхгæнын, афтæ куыд нæ уыд æхсызгон Саакашвилийы режимы рæстæджы конкретон бинонты сæнамонд кæнын; нæ уыд æхсызгон æвзонгты марындзинæдтæ; 26 майы уæлхæдзæрттæм æппæрст фæмардуæвæг адæймæгты мæрдтæ. Цæй зæгъын æй хъæуы уыдæттæ уыдысты тынг зын» – райхъусын кодта Каха Каладзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Михеил Саакашвили сæрибар уыдзæнис йе æфхæрды æмгъуыд куы фæбаддзæн ахæстоны уый фæстæ. «Саакашвили кæм хъуамæ уа раст уым ис, конкретон фыдракæнд куы ракодта уый тыххæй. Фæстаг бонты нæ хъустыл арæх уайынц дзырдтæ «Сæрибардзинад Мишайæн». Миша æнæмæнгæй ссæрибар уыдзæн, йæ æфхæрды æмгъуыд куы арвитдзæн уæд» – банысан кодта Каладзе.