Каха Къаладзе - 26 май алкæй бон у æмæ никæмæн ис бар æхсæнады кæрæдзийы ныхмæ æрлæууын кæна
Каха Къаладзе - 26 май алкæй бон у æмæ никæмæн ис бар æхсæнады кæрæдзийы ныхмæ æрлæууын кæна

Паддзахад йæхи аиуварс кæндзæн уыцы чъизи провокацитæй, кæцытæ расидтысты Саломэ Зурабишвили æмæ Гедеван Попхадзе 26-æм майы – уый фæдыл сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе медийы ныхасæн фехъусын кодта, Гуырдзыстоны раздæры президент Саломэ Зурабишвили æмæ оппозицион политик Гедеван Попхадзейы расидæнтæн дзуапп дæтгæйæ.

Каха Къаладзе куыд банысан кодта афтæмæй, 26-æм май алкæй бон у æмæ никæмæн уыдзæн бар æхсæнады кæрæдзийы ныхмæ æрлæууын кæна.

“Бæрæг у, уыдон хъавдзысты провокаци кæнын. Мах уынæм, куыд маргинализацигонд у ацы къорд. Радикализм, агентад æмæ æддейæ финансгонд адæм ацы бæстæйы никуы фæуæлахиз уыдзысты. Сæ нысан у æддейæ интерестæ æххæст кæнын. Ахæм адæймæгтæ æдзухдæр сты æнæнтыстмæ. 26 маймæ та цы хауы, уый у алкæй бон æмæ никæмæн ис бар кæрæдзийы ныхмæ тæригъæд кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, паддзахад алцыдæр сараздзæн. ма руадзын ахæм чъизи провокацитæ, кæцытæ Саломе Зурабишвили æмæ Гедеван Попхадзе расидтысты», – банысан кодта Каха Къаладзе.