Кайя Каллас – Иранæн атомон хæцæнгарз саразыны бар ма хъуамæ уа, уымæн æмæ уый тæссаг уыдзæн æхсæнадæмон æдасдзинадæн
Иранæн ма хъуамæ раттой ядерон хæцæнгарз саразын, уымæн æмæ уый тæссаг уыдзæн æхсæнадæмон æдасдзинадæн – уый фæдыл Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр минæвар Кайя Калас социалон хыз X-ы ныффыста.
Каллас алы фарсмæ сиды, цæмæй æрыздæхой бадзырдты фынгмæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уæвæг уавæрыл дыццæджы Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты министртæ æруынаффæ кæндзысты.
«Иранæн ма хъуамæ раттой ядерон хæцæнгарз саразыны бар, уымæн æмæ уый уыдзæн æхсæнадæмон æдасдзинадæн тæссагдзинад.Сидын алы фарсмæ, иу къахдзæф фæстæмæ акæной, бадзырдты фынгмæ æрыздæхой æмæ дарддæры эскалацимæ бахиза.Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ райсом æруынаффæ кæндзысты уæвæг уавæрыл», – фыссы Кая Калас.