Кайя Калас – Сабырадон демонстрантты, журналистты æмæ политикты ныхмæ æвирхъау æфхæрд æнæрайсгæ у, Гуырдзыстон нæ сæххæст кæны кандидат бæстæйы æнхъарæнтæ
Абон изæр Тбилисы сабырадон демонстрантты, журналистты æмæ политикты æвирхъау æфхæрд æнæрайсгæ у – уый фæдыл Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр минæвар, Кайя Калас социалон хыз X-ы фыссы.
Къалас куыд фыссы афтæмæй, Евроцæдис йæ фарсыл хæцы гуырдзиаг адæмæн сæрибардзинад æмæ демократийы сæраппонд тохы.
«Гуырдзыстонæн йæ бон нæу æххæст кæна кандидат бæстæйы æнхъарæнтæ». «Евроцæдис йæ фарсыл хæцы Гуырдзыстоны адæмæн сæрибардзинад æмæ демократийы сæраппонд тохы» – фыссы Кайя Калас.