Кайя Калас - мах тынг хъæуы Украинæйы фæтыхджындæр кæнын, цæмæй ацы хæст сæхи уавæрты фæуой
Мах æцæгæйдæр хъæуы Украинæйы фæтыхджындæр кæнын, цæмæй ацы хæст сæхи уавæрты фæуой æмæ уый тыххæй та сæ хъæуы европæйаг æххуыс, – райхъусын кодта Евроцæдисы уæлдæр минæвар Кайя Калас.
Калласы ныхасмæ гæсгæ, Евроцæдисы лидерты абоны æнæрадон саммитыл ныхас цæудзæн европæйаг хъахъхъæнынады фæтыхджындæр кæныныл æмæ цы гæнæн ис саразæн Украинæйæн дарддæры æххуысы тыххæй.