Кайя Калас æмæ Марта Коси иумæйаг фидиуæн парахат кæнынц – Евроцæдисы уæнгдзинады фæндагыл Гуырдзыстоны æрыздæхт æнæхъæнæй бæстæйы хицауады къухты ис
Евроцæдисы уæлдæр минæвар Кая Калас æмæ еврокамиссар Марта Косс дзуапп дæттынц Гуырдзыстоны парламенты райсгæ ног закъæттæн, се æхсæн фæсарæйнаг агентты регистрацийы акт æмæ уацхæссæгы закъон.
Фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, райсгæ закъæттæ бæстæйы хицауадæн дæттынц уæлæмхас фæрæзтæ диссиденттæ бауромынæн æмæ сæ репресситы политикæ фæкарздæр кæнынæн.
Ацы къахдзæфтæ ноджы тынгдæр халынц Гуырдзыстоны демократийы бындуртæ. Ахæм архайдтытæ бындуронæй нæ æмдзу кæнынц Евроцæдисы аргъдзинæдтимæ, ома демократи, закъоны уæлдæрдзинад æмæ медийы плюрализм, æмæ сты дард, цы æнхъæл уыдзыстæм кандидат бæстæйæ. Уыдон негативонæй бандавдзысты Гуырдзыстоны фæндагыл Евроцæдисмæ. Ацы Евроцæдисы аргъдзинæдты хъахъхъæнынад у æнæбадзырдгæнæн.
Гуырдзиаг адæмы абсолютон фылдæр хай фæнды, цæмæй Гуырдзыстон баиу уа Евроцæдисмæ. Сидæм хицауадмæ, равдисой æцæг æмæ æнæивгæ хæсдзинад Евроцæдисы фæндагмæ æрыздæхынæн. Уый тыххæй хъæуы æмбæстæгты ныхмæ тыхмидзинады кæрон, æнæрастæй ахстгондты ссæрибар кæнын, репрессивон закъæтты æрурæд, Венецийы къамисимæ консультацитæ æмæ мидисджын диалог æмбæстагон æхсæнадимæ æмæ æппæт политикон архайджытимæ, цæмæй ныртæккæйы кризисæй рацæуæн уа.
Гуырдзыстоны æрыздæхт Евроцæдисы уæнгдзинады фæндагмæ æнæхъæнæй бæстæйы хицауады бæрны ис.