Кæрдзынгæнджыты ассоциацийы  хъусын кæнынц, цæмæй ссады æнæкуылымпы  импорты цауы, дзулыл аргъ нæ фæуæлдай уыдзæн
Кæрдзынгæнджыты ассоциацийы хъусын кæнынц, цæмæй ссады æнæкуылымпы импорты цауы, дзулыл аргъ нæ фæуæлдай уыдзæн

Дзулфыцджыты  ассоциацийы  информацийæ,  дзулыл æргъты рæзт  æнхъæлмæкæсинаг  нæу.  Малхаз  Долидзейы  дзырдæй, зæгъгæ  уæдмæ цалынмæ  ссады  импортыл  таможнæ фидинаг нæй  æмæ йæ импорт бæстæмæ  æнæпроблемæтæй  цæуы,  дзулыл æргътæ  нæ фæуæлдай уыдзысты.

«Ссады импорт бæстæмæ  райрæзтис 5-6 хаттонæй. Уымæ гæсгæйæ дæр, кæрдзынæгæнæнтæм фæзындис фадат, æвзæрст саразын, куыд гъæдæй, афтæ  аргъæй, уыцы периодмæ гæсгæйæ,  базарыл  фылдæр  бынæттон  кондæдты  уагъд продукттæ  куы уыд рæувадат.  Нæ  зонын  цас рæстæг аххæсдзæн ссады импорт, фæлæ факт у уый, ома  ласынц  ссад,  ис барæвзар  æмæ  абон  уæвæг  уавæрмæ гæсгæйæ,  дзул нæ  фæзынаргъ уыдзæн», – загъта Дзулфыцджыты  ассоциацийы къухдариуæггæнæг.

Сæхи æрдгæй  ссады импорты  рæзтæй  сæвзæргæ  проблемæтыл  ныхас кæнынц  Гуырдзыстоны мæнæуы æмæ  ссады индустригæнджыты ассоциацийы.  Леван Силагавайы  дзырдæй,   ноябры  мæйы  бæстæ 40% къаддæр  мæнæу  балхæдта  æмæ уый прецедент цæмæн нæй,  ахæм ныллæг  бæрæггæнæн у.  Леван  Силагавайы  дзырдæй, бæстæйы   ссады импорт рекордонæй рæзы  æмæ уый  хæлцадон  æдасдзинадæн  риск  хæссы.

Мæнæуы импорт фæкаддæри Уæрæсейы æрдгæй  мæнæуыл  таможнæ фидинаг æрбайстæй.  Æрмæст ивгъуыд   къуырийы  Уæрæсе  80$-аргъы  фидинаг   мæнæуыл  10 долларæй, –  90 доллары  фæзынаргъ кодта, кæцы, продукты  фæзынаргъ расайдта.

Ссады та, абон базарыл  Гуырдзыстоны конд ссад фыццаг гъæды  ссад, иу  голлаг  70-72  ларийы  аргъ у,  импортиргонд ссады  аргъ та  67-69 лари.