Афгъанистаны сæйраг сахар Кабулы дипломативон сыхмæ хæстæг срæмыгъды амæттаг, ныгуылæйнаг медийы хъусинагæй 95-æй фылдæр адæймаг æссис. Зианбаййафджыты нымæц 158-йæ ахызт.
Æрцæугæйыл бæрн йæхимæ райста террористон къорд Талибан.
Теракт сæххæст полицийы офисмæ хæстæг. Химарæг террорист рæмудзæн гарзæгæй ифтыгъд хæдтулгæйы бадгæйæ йæхи спырх кодта. Срæмыгъды улæнæй алыварс территорийыл уæвæг хæдзæрттæ базиан сты.
Фæстаг иу къуырийы мидæг, Кабулы уый нырид дыккаг теракт у.