Кабулы президентон кандидат Армула Салехы офисыл бабырст сыххæст
Кабулы президентон кандидат Армула Салехы политикон змæлд “Грин тренды” офисыл бабырст сыххæст. Фæстан æрбадæттæгтæм гæсгæ, фæмард 20 æмæ фæцæф 50 адæймаг. Информаци “Рейтер” парахат кæны.
Ралæвæрды информацийæ, рæмыгъд нырма университеты цур, фæстæ дæр та гæрзифтонг уæнгтæ “Грин тренды” офисмæ бабырстой. Полицийы информацийæ, бæстыхайæ 150 адæймагы эвакуаци сыххæст. Спецоперацийы рæстæджы барадхъахъæнджытæ цыппар бырсæг амардтой.