Юстицийы министрад – августы хæсты хъуыддагыл Страсбургы историон æскъуыддзагимæ иумæ, Гаагайы тæрхондоны æскъуыддзаг у гуырдзийаг фарсы ноджы иу нысаниуæгджын уæлахиздзинад Уæрæсейы ныхмæ

Гаагайы тæрхондоны сæйраг прокурор августы хæсты хъуыддагыл æртæ уæнгы ахсты ордер снысан кодта

Гаагайы тæрхондоны сæйраг прокурор 2008-æм азы  августы хæсты хъуыддагыл, æртæ уæнгы ахсты ордер снысан кодта – Миндзайты Михаил, Гуычмæзты Гамлет æмæ Санахъоты Давиды.

Тæрхондоны сæйраг прокуроры офисы апарахатгонд информацийы ис фыст, снысангонд уæнгтæ 2008-æм азы 8-æй 27-æм сентябры онг периоды аххосæгты истой хайад –æнæзаконон ахст, хъизæмар, æнæадæймагон ахаст, кады фæмацы, уацайрæгты ист æмæ алæвæрд.

Миндзайты Михаил 2005-æм азæй 2008-æм азы онг октябры онг а.х. Хуссар Ирыстоны мидхъуыдтæгты министры пост ахста, Гуычмæзты Гамлет а.х. Хуссар Ирыстоны изоляторы сæрдар уыд, Санахъоты Давид а.хю Хуссар Ирыстоны президенты бæрнон адæймагы барты хъуыддагы.

Юстицийы министрад –августы хæсты хъуыдтагыл Страсбургы историон æскъуыддзагимæ иумæ, Гаагайы тæрхондоны æскъуыддзаг у гуырдзийаг фарсы ноджы иу нысаниуæгджын уæлахиздзинад Уæрæсейы ныхмæ.

Æцæгæйы рæстæджы, Хуссар Ирыстоны  цæрæг   гуырдзыйаг  граждайнаг  уæнгты  фылдæр алыгъдысты Гуырдзыстоны   контролгонд территоримæ.  Гуырдзыстоны  гарзджын тыхты   Хуссар Ирыстонæй  куы  феддæмæ  кодтой,  уый фæстæ, уырыссаг  æмæ фыццаджы дæр, Хуссар Ирыстойнаг æфсæддон тыхтæ райдыдтой гуырдзиаг  сабыр æмбæстæгты  ахсын.  Сæ  фылдæр уыдысты карджын  æмæ уæззау  низджын уæнгтæ,  кæцытæн  нæ уыд сæ бон   æмæ сæ нæ фæндыд   хæдзæрттæй  сыстын æмæ ныууадзын.  Уыдон сын нæ бавдыстой  ахсты фæдыл аххосæгтæ  æмæ  нæдæр процессуалон   бартæ уыд хъахъхъæд.  Бæлвырдгæнæнтæй  сбæрæг ис, цæмæй ацы  адæймæгтæн сæ фылдæр дарттой  антисанитарийы  æмæ  æнæниздзинадæн тæссаг   уавæрты.  Уыдоны æфхæрдтой, надтой сæ, æмæ  хъизæмарæй  мардтой.

Кæд  рагтæрхонон  палатæ мæ  куырдиатимæ сразы уыдзæн,  æнгом æмкуыст  кæндзынæн  нымрдарадимæ ацы æртæ гоймагы  æрцахсынæн.  Фидæнмæ  ныфс дарын, цæмæй  алы паддзахадтæ  сразы  уыдзысты, сæрмагондæй  Ромы статусы хайадисджытæ, цæмæй ацы  гоймæгтæ  дзуаппмæ лæвæрд æрцæуæд  æхсæнадæмон тугтæрхоны барады тæрхондоны», –  дзырдæуы Гаагæйы  тæрхондоны  сæйраг прокурроры фидиуæны.

Пресс-релизы дзырд ис, цæмæй  Миндзаевы, Гучмазовы æмæ Санакоевы  æрцахсын æнæмæнгхъæугæ у,  цæмæй  æмæнгæй  сæххæст тæрхондонмæ  сæ  бацыд æмæ  тæссаг ма  уой  фæдагуырдæн, кæнæ  тæрхонон   хъусыны процессæн.

Афтæма ацы фидиуæны дзырдæуы, цæмæй прокурроры офис, «уагахасты аналогион модел» сфиксир кодта  Украинайы  уавæры развæлгъау бацахуыры  рæстæджы дæр.