Юстицийы хæдзæртты æмæ æхсæнадон центрты абонæй ковид-картæтæ æнæфидгæйæ дæтдзысты.
Информаци уый тыххæй хъусын кæны юстицийы хæдзары пресс-куыст.
Уагдоны хъусинагæй, юстицийы министр Рати Брегадзе æмæ æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъапрадзе документы алæвæрды процесс иумæ сбæрæг кодтой. Уыимæ иумæ министртæ Тбилисы юстицийы хæдзары ног фидаргонд серввисæй сæхæдæг спайда кодтой æмæ ковид-картæтæ райстой.
Документы райсын гæнæн уыдзæн Гуырдзыстоны масштабæй уæвæг алы филалы. Уым гоймагæн арызт æххæст кæнæ хайгай вакцинацийы æмæ фæстаг «PCR» тесты фæдыл информаци, афтæдæр, вакцинацийы уникалон QR код æмæ сæрмгаонд бæрæггæнæнтæ уыдзæн фыст æмæ юстицийы хæдзары штампæй у фидаргонд. Ацы рæстæгмæ ковид-картæтæ æрмæст вакцинацийы æххæстгæнæг оргæнты дæттой.
Ковид-картæйыл куырдиат бахæссын æнæфидгæ у. Документы дæттынц, гоймагы æвдисæндары бавдисынæй уайтагъд лæггад райсынæн визитæн та бынат рагагъоммæ æрцахсын нæ хъæуы.
Уыцы цауы, кæд æмæ æмбæстæгтæн ковид-картæтæ Гуырдзыстоны фæсарæнты бавдысынæн апостилæй/легализацийæ фидаргонд бахъæудзæн, уæд фæнысангонд сервис райсыны фадат сын уыдзæн бынатыл уæвгæйæ, юстицийы хæдзæртты æмæ æхсæнадон сервис-центрты.
Юстицийы министрады информацийæ, юстицийы министр Рати Брегадзе рагафон фехъусын кодта, ома æмбæстæгтæ, кæцытæ æххæстæй вакцинацигонд сты, юстицийы министрады сервистыл уæлбартæй пайда кæндзысты.
Юстицийы министрады хъусинагæй, ковид-картæтæй активон пайда кæндзысты фæсарæнты. Евроцæдисимæ паддзахад нырид кусы, цæмæй вакциниргонд уæнгты фæдыл информаци æхсæнадæмон базæйы æввахс периоды фæзына, кæцы æмбæстæгтæн фенцондæр кæндзæн балц, куыд бизнесы, афтæ туризмы æрдгæй.