Юстицийы Бæрзонддæр совет абон Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхас сног кæндзæн
Юстицийы Бæрзонддæр советы абон Сæйраг тæрхондонмæ тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхас сног уыдзæн.
Ныхасыл абон æртæ кандидат уыдзæн: Гуырдзыстоны генералон прокурроры фыццаг хæдивæг Мамука Васадзе (йемæ ныхас 10:30 сахатмæ нсысан ис), тæрхонгæнæг Майя Вачадзе (ныхас 14:00 сахатмæ сынсан ис), 17:00 сахатыл та юстицийы Бæрзонддæр советы уæнгты фарстытæн дзуапп ратдзæн Тбилисы аппеляцион тæрхондоны тæрхонгæнæг Тамар Замбахидзе.
Юстицийы Бæрзонддæр Советы цæугæ фембæлдтæм сæ хъус бадардзысты, ЕÆÆО-ы демокративон институтты æмæ адæймаджы барты офисы цæстдарæг миссийы, æхсæнадæмон æмæ æнæхицауадон организациты, адæмон барты хъахъхъæнæгы апараты минæвæрттæ.
Сæйраг Тæрхондоны тырхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхасы процесс онлайн режимы Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы веб-фарсыл 1tv.ge-л цæуы лæвæрд.
Юстицийы Бæрзонддæр Советы Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусын 17 июлы райдыдта. Ныхасы фæуды фæстæ, Совет сусæг халæппæрстæй 202 кандидаты равзардзæн æмæ сæ парламентмæ, сбæлвырд кæнынмæ арвитдзæн.