Юстицийы Бæрзонддæр совет абон Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхас сног кæндзæн

Юстицийы  Бæрзонддæр  советы абон  Сæйраг тæрхондонмæ  тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхас  сног уыдзæн.

Ныхасыл  абон æртæ  кандидат уыдзæн: Гуырдзыстоны  генералон прокурроры фыццаг хæдивæг  Мамука Васадзе (йемæ ныхас  10:30 сахатмæ нсысан ис), тæрхонгæнæг Майя Вачадзе (ныхас 14:00 сахатмæ  сынсан ис), 17:00 сахатыл та юстицийы  Бæрзонддæр советы уæнгты фарстытæн дзуапп ратдзæн  Тбилисы  аппеляцион  тæрхондоны  тæрхонгæнæг  Тамар Замбахидзе.

Юстицийы  Бæрзонддæр Советы цæугæ  фембæлдтæм сæ хъус бадардзысты,  ЕÆÆО-ы демокративон  институтты  æмæ   адæймаджы  барты  офисы  цæстдарæг  миссийы, æхсæнадæмон   æмæ æнæхицауадон   организациты,  адæмон барты хъахъхъæнæгы апараты минæвæрттæ.

Сæйраг Тæрхондоны тырхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхасы  процесс онлайн режимы  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы  веб-фарсыл 1tv.ge-л цæуы  лæвæрд.

Юстицийы Бæрзонддæр Советы Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм  кандидаттæм хъусын 17  июлы   райдыдта. Ныхасы  фæуды  фæстæ,  Совет сусæг  халæппæрстæй  202 кандидаты равзардзæн æмæ сæ  парламентмæ, сбæлвырд кæнынмæ  арвитдзæн.