Юридикъон уæнгтæн политикон партитæн æхца рауæлдай кæнын гæнæн ис фæтобæ уа
Юридикъон уæнгтæн политикон партитæн æхца лæвар кæнын гæнæн ис фæтобæ уа. Æмбæлгæ ивддзинæдтæ «Æмбæстæгты политион иугæндты фæдыл» закъонмæ бахæсдзысты, кæцыйы инициативæ бюройы абоны рабадтыл бавдисдзысты.
Ивддзинæдтæй, раззаг азы æмтгæйон мидпродукты 0,05%-æй 0,04%-ы онг къаддæр кæныпартийы афæдзон хардзты бауадзинаг æмтгæйон бæрцы уæллаг арæн.
Закъонопроекты инициатортæ «Картули Оцнебайы уæнгтæ сты, кæцытæ æмбарын кæнынц, цæмæй проект райсты цауы Гуырдзыстон йæ зæрдыл бадардзæн Венецийы Комиссийы 2023 азы 12 июны публикацигонд рекомендаци «Деолигархизацийы фæдыл» цы ран бавдыст у юридикъон уæнгтæн политикон партиты финансдзинады фадат фæтобæ кæнын.
Сæ хъусинагæй политикон партитæ нал сфинанс уыдзысты юридикъон уæнгтæй, афтæма фæкъаддæр уыдзæн партийы афæдзон хардзты æмтгæйон бæрц, кæцы депутатты хъуыдымæ гæсгæйæ, партиты æхсæн æрмæст æнæниз конкуренци сифтонг кæндзæн æмæ рæстаг æвзарæнон уавæры æрфидар кæныны æмæ йæ дарддæр райтынгы фадат ратдзæн.
Закъонопроекты банысангонд у, цæмæй юридикъон уæнгы, сæ иугæндты кæнæ æндæр партийы организацион сырæзты тобæгонд финансдзнады сыххæсты тыххæй бæлвырду к æтиагы, хардзы æртыккаг уæнгы фæрцы æххæстгæнæг гоймагы (кæд уыдзæн уæд) фæивар кæнын тобæгонд финансдзинады, хардзы дыввæр бæрцæй.