Юридикъон комитет «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроектимæ сразы ис
Парламенты юридикъон фарстаты комитет «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроект дыккагбайхъуыстæй æркастис æмæ йемæ сразы ис.
Уынаффæ комитеты цалдæр минуты размæ рахаста.
Закъонопроект «фæсарæйнаг тыхы интерестæ уадзæг организацийæ» ахæм æнæкондадон (æнæкоммерцион) юридикъон уæнгты æмæ медиафæрæзты регистрацийы ауадзын дары йæ хъуыдыйы, кæцыты æфтиагы бæрæг бæрц – 20 процентæй фылдæр, фæсарæнтæй у ист.
Закъонопроектмæ гæсгæ, алчи, чидæриддæр «фæсарæйнаг æндæвдады интересты уадзæг организацийыл» нымад цæуы, паддзахадон реестры æнæмæнгхъæугæ уагæй, ацы номхуынды базæйы хъуамæ уа регистрацигонд. Регистрацийы рæстæджы та æнæмæнг уыдзæн райсгæ æфтиагы бавдисын.
Ацы рæстæджы, ивддзинæдтæй, организацитæ хæсджын уыдзысты финансон декларацийы æрвылазонæй баххæст кæнын. Закъонопроект «фæсарæйнаг тыхы интересты уадзæг организацийы» раргом кæнынæн юстицийы министрадæн æххæстбартæ дæтты, цыфæнды рæстæджы ауадза иртасæн æмæ фарстайы бацахуыр-мониторинг сыххæст кæна.
«Фæсарæйнаг тыхы интересты уадзæг организацийæ» регистрацийæ хиаиуварс кæнын кæнæ декларацийы æнæбаххæсты тыххæй, организаци фæивар уыдзæн 25 мин ларийæ. Проектæй афтæдæр рагхыгъдгонд сты ахæм хуызы ивартæ: юстицийы министрады вебфарсмæ бауадзынæй дæс кусæн бонмæ кæд организаци нæ баххæст кæндзæн куырдиаты формæ – 10 мин лари; кæд документты аиппытæ бæрæг æмгъуыдмæ не сраст уыдзысты ивар уыдзæн 10 мин лари; закъонæй бæрæг барадсасты иумæйы фæстæ сыххæст кæнын расайдзæн ивар 20 мин ларийы бæрц.