Юридикъон фарстаты комитеты Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхасы процесс райдыдта
Гуырдзыстоны парламенты юридикъон фарстаты комитеты Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхасы процесс райдыдта.
Депутаттæ абон Фыццаг кандидатмæ, Тамар Аланиамæ хъусынц.
Хъусыны размæ, комитет, ныхасы формат æмæ процедурæ сбæлвырд кодта.
Процедурæмæ гæсгæйæ, сæрыфыццагæй, æрцæудзæн кандидаты бавдыст, стæй кандидатмæ уыдзæн 5 минуттон раныхас, уый фæстæ та, райдайдзæн ныхасы процесс. Алкæцы кандидатимæ ныхас нырма парламентон фракцитæ сараздзысты, сæтй хæдбар депутаттæ, æрмæст æппынфæстагмæ та, адæмон барты хъахъхъæнæг, зонадон зылдты минæварæн æмæ æнæхицауадон секторы минæвæрттæн уыдзæн фадат, фарстытæ раттын кандидатæн.
Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм 20 кандидат сты парламентмæ бавдыст, кæцытæ конкурсмæ гæсгæ, советы уæнгты хъæлæсты нымæцмæ гæсгæ, сеппæтæй бæрзонд аргълæвæрдтæ райстой. Сæ нымæцы сты архайæг тæрхонгæнджытæ, юстицийы Бæрзонддæр советы архайæг нымæрдар, советы раздæры уæнгтæ, конституцион тæрхондоны сæрдар, генералон прокуррор æмæ йæ хæдивæг.