Юридикъон фарстаты комитет «Халхис Дзалайы» дыууæдæр закъонопроектимæ фыццаг кастæй сразы ис
Гуырдзыстоны парламенты юридикъон фарстаты комитет «Халхис Дзалайы» æрцæттæгонд «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» æмæ «Фæсарæйнаг агентты регистрацийы фæдыл» закъонопроекттимæ фыццаг хъусынæй сразы ис.
Бæрæгдзырдæн, «Халхис Дзала» фыццаг регистрацийы ауагъдта «Фæсарæйнаг æндæвдады фæдыл» закъонопроект, кæцы фæсарæйнаг æндæвдады агенттыл ахæм æнæкондадон (æнæкоммерцион) юридикъон уæнгты æмæ медиафæрæзты регистраци дары йæ хъуыдыйы, кæцыты æфтиагы бæрæг бæрц – 20%-æй фылдæр фæсарæнтæй æфты. Закъонопроектæй, алчи, чидæриддæр фæсарæйнаг агенттыл нымад цæудзæн, хицауадон реестрмæ æнæмæнгхъæугæ уагæй уыцы номхынуды базайы йæхи регистрацийы хъуамæ ауадза. Регистрацийы рæстæджы æнæмæнгхъæугæ уыдзæн æфтиæгты бавдисын. Иурæстæгонæй, организацитæ хæсджын уыдзысты финансон декларацитæ æрвылазонæй баххæст кæной.