Юниор Евроуынынад абон 23:00 сахатыл райдайдзæн, комкоммæ трансляци Фыццаг Къанал бавдисдзæн
Абон Мальтайы 24-æм Юниор Евроуынынады зарæгы конкурс сырæздзæн.
Гуырдзыстоны номæй «Ранинайы» фарастæм сезоны уæлахиздзау, 10 аздзыд Ломидзе Давит зарæг «Хур уæлхæдзæрттыл» æххæст кæндзæн. Давит Ломидзе конкурсы 15-æм номырыл йæхи равдисдзæн.
Конкурс Гуырдзыстоны рæстæгæй 23:00 сахатыл райдайдзæн æмæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы комкоммæ трансляци уыдзæн.
Хъæлæсæппæрст райдыдта, æмæ уæ бон у схъæлæс кæнат Гуырдзыстоны минæвар, Давит Ломидзейæн Гуырдзыстонæй æмæ дунейы кæцыфæнды бæстæйæ.
Хъæлæс кæнынæн бацæут веб-фарсмæ – jesc.tv кæнæ бацæут ссылкæмæ https://vote.eurovision.com/
Бакæсут цыбыр видеоколлажмæ, равзарут Гуырдзыстон æмæ кæцыфæнды ноджы дыууæ бæстæ, стæй бацамонут хъæлæс кæныны кнопкæйыл.
Иу телефон æмæ иу компьютерæй хъæлæс кæнæн ис æрмæстдæр иу хатт.
Хъæлæскæнынад рæстæгмæ фæуыдзæн абон 23:00 сахатыл, уæд райдайдзæн конкурсы комкоммæ трансляци. Æхсæрдæс хайадисæджы куы сæххæст кæной, уæд хъæлæс кæнын сног уыдзæн 15 минуты дæргъы, уыцы рæстæджы уæ бон уыдзæн ногæй хъæлæс кæнын. Уæлахиздзау сбæрæг уыдзæн сценæмæкæсджытæ æмæ жюрийы иумæйаг баллтæм гæсгæ.
Гуырдзыстон Юниор Евроуынынады зарæджы конкурсы цыппар хатты уæлахиздзау у.
Мальтайы æртыгкаг хатт уагъд кæны Юниор Евроуынынады зарæгы конкурс, 2016 азы Мальтайы, Гуырдзыстон æртыгкаг хатт рамбылдта конкурс.