JSW Group Гуырдзыстоны дыууæ ставд проекты сыххæст кæнын хъавы
Дунейы иуæй-иу акæнæг голландиаг компани JSW Group Гуырдзыстоны план кæны 2 ставд проекты сæххæст кæнын – потенцион инвестицион проектыты тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ JSW Group-ы сæрдар Саджан Джиндал абоны фембæлдыл фæныхас кодтой, кæцы Давосы Дунейы экономикон форумы фæлгæтты сырæзт.
JSW Group-ы сæрдар æвæрццаг аргъ скодта Гуырдзыстоны архайæг бизнес-æрдзæн, бæстæйы хицауадимæ æмкуысткæнынадæн æмæ банысан кодта, цæмæй компани бæстæйы ноджы фылдæр инвестициты сæххæстæй у интересджын.
Дзырдæуы ставд инвестицитыл, кæцыйы фæдыл проектыты техникон-экономикон иртасæны фæстæ, цæугæ азы кæронмæ суыдзæн бæрæг.
JSW Group бирæ миллиард-долларджын конгломерат у, кæцы фылдæр, æндоны, цементы кондады æмæ æндæр хуызы инфраструктурæйы райтынгы сферæйы архайы.