Йоханнес Ханн - Евроцæдис хаттæй хатт гæнæн ис фæлмæцынгæнæг уа, фæлæ йæм ис уæлидзинад, уымæн æмæ æууæнкаг партнер у
Мах стæм æууæнкаг партнер, адæм ивынц, фæлæ институт æнæивгæ у – уый фæдыл Европæйы сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы фарстаты еврокамисар Йоханнес Ханн Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ иумæйаг фидиуæны рæстæджы банысан кодта.
«Стыр бузныг райсты тыххæй, фарсхæцыны тыххæй, цы хæстæ райстат уæхимæ Европаг скъолайы раз уый тыххæй. Ай уыдис мæ проект. Сæрмагонд бузныг мæ фæнды зæгын афтæ кæй райдыдта проекты сæххæст. Цалдæр азы размæ Гуырдзыстон ацы инициативæйы контектсы уыдис фæларæн режимы. Абон мах нырид амæблдыстæм конкретон бæрзонддæр скъолайы дыккаг æмæ æртыккаг классимæ, сæрмагондæй мæнæн иттæг нысаниуæгджын уыд ацы мадзал.
Кæддæриддæр мæм уыдзæн хæсдзинад бæстæйы раз, Гуырдзыстонмæ фидæны дæр æрцæуон. Афæдзы мидæг иу хатт уæддæр, цæмæй фенон размæцыд æмæ европаг Скъола. Фидæны цы фæнды рангы бакусон европарламенты дæр æмæ æндæр институтты дæр, уыдзæн æмæ фадат , ацы конкретон бæстæйы хъæуындзинад æмæ интерес бахъахъхъæнын. Стыр бузныг ацы фондз азон диссажы æмкуысткæнынадæн. Сымах æцæгæй дæр стут æууæнкаг партнер. Евроцæдис хаттæй хатт гæнæн ис фæлмæцынгæнæг уа, фæлæ йæм ис уæлидзинад. Мах æууæнкаг партнер стæм. Адæм ивынц, фæлæ институт зайы» – райхъусын кодта Йоханнес Ханн.