«Эвекс» - Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй интоксикацийæ æрбаæнг алы пациенты абон афыстой
Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй «Эвексы» клиникæмæ интоксикацийы нысæнттимæ баласгæ алы пациент рынчындонæй абон афыстой – уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фухъсын кодтой «Эвексы» пресскуысты. «Клиникæмæ 2 июлы æрбаластой авд адæймагы, уыдонæй æртæйæн фæбæрæгæ ис интоксикацийы нысæнттæ – омын, лæдæрæн фезмæст æмæ ндæр. Иннæтæ цауы бантмæ хæстæг кæй уыдысты уый тыххæй, æрбацыдысты хи сгарынмæ æмæ сæм ницæй хуызæн интоксикаци нæ уыд. Алы пациенты афыстам хæдзæрттæм» – хъусын кæнынц клиникæйы.
Цыдæриддæр та Ингорохъвайы номыл клиникæмæ æххæссы, уырдæм бакæнгæ иу пацентæн ф кæцымæ афтæдæр уыд интоксикацийы нысæнттæ, ацы рæстæгмæ хуыссы клиникæйы.
Ингорохъвайы клиникæйы пресс-куысты куыд дзурынц афтæмæй, абон сæм бацæугæ пациенттæ, 2 июлы аэропорты цауы бынатыл уыдысты æмæ медицинон уагдонмæ абон æрбацыдысты.
Паддзахадон æасдзинады куысты контрбæрæгдзау департамент Тбилсиы æхсæнадæмон аэропорты знаггадгæнæгг тæнгъæды ныккалды тыххæй, æрцахста Уæрæсейы æмбæстагы.
«Паддзахадон æдасдзинады куысты контрбæрæгдзаум департаменты кусджытæ, уагъд оперативон -агурæн архæйдтыты фæстиуæгæн Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг Дмитрий Б.-ы æрцахстой зылынмæ лæвæрды статусæй.
Фæдагуырдæй фæбæрæг ис цæмæй Дмитрий Б. 2018 азы 2 июлы, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты атæхын фæндджыты залы уæвæг иуæй-иу авиакомпанийы кассæйы офисы, æнæнимздзинадæн знаггадгæнæг буарадджын тæнгъæд ныккалдта» – хъусын кæыннц ПÆК-ы.