Эстонийы премьер-министр – Путин ныхъхъавыд Молдовæмæ æмæ Гуырдзыстонмæ, йæ бауромынæн иунæг фæндаг у Украинайæн баххуыс кæнын
Евроцæдисæн зынæй-зындæр кæны Уæрæсейæн санкцитæ сфидар кæнын, – уый фæдыл фидиуæн Эстонийы премьер-министр Бритайнаг «Телеграфимæ» интервьюйы сарызта.
Кайя Каласы дзырдæй, зæгъгæ уый æфсон у хæстæй фæллад æмæ уыцы проблемæтæ, кæцытæ рабæрæг сты.
«Ныр ма баззад тынг цъус ахæм элементтæ, кæцыты ныхмæ ис гæнæн сфидар кæнæм санкцитæ. Уый мидæг ис проблемæ», – дзуры Эстонийы премьер-министр.
Уыимæ Эстонийы хицауады сæргълæууæг дзуры, цæмæй Уæрæсейыл æлхъывд адарддæр кæнын хъæуы, цæмæй уый æндæр бæстæтæм бырст дæр ма аскуыддзаг кæна.
«Украинайы фæстæ Путин йæ цæст æрывæрдта Молдовæйыл, ныхъхъавыд Гуырдзыстонмæ, Балтийгæрон бæстæтæм. Путин уый никуы æмбæхста. Иунæг фæндаг, уый æппæт фæуромынæн у Украинайæн баххуыс кæнын, цæмæй ацы хæсты фæуæлахиз уа», – хъусын кæны Кайя Калас.
Калас афтæдæр дзуры, цæмæй Уæрæсейæн йæ бон у, Европæйы ныхмæ райдайгæ гибридон амалæй спайда кæны Уæрæсейы уыцы æмбæстæгтæй, кæцытæ æфсæддон асидтæй хиаиуварс кæныны æфсонæй уадзынц Уæрæсе.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Евроцæдис ивгъуыд къуырийы сфидар кодта Уæрæсейы ныхмæ санкциты ног пакет.