Эстонийы премьер-министр Гиорги Гахариайæн премьеры бынатыл снысан кæныны тыххæй арфæ кæны
Эстонийы премьер-министр Юри Ратасы арфæйы фыстæджы куыд дзырдæуы, афтæмæй, Эстонийы æмбаргæйæ райста йæхимæ бæрн, уа Гуырдзыстоны æргомзæрдæ æмæ æууæнкджын хæлар демократион æмæ экономикон рæзынады æмæ евро-атлантикон интеграцийы фæндагыл.
«Курæг уæ дæн, райсат мæ зæрдиаг арфæ Гуырдзыстоны премьер-министры бынатыл ногæй снысан кæныны тыххæй. Уырнæг дæн, цæмæй уæ къухдариуæгæй ноджы фылдæр рапарахат кæндзыстæм Гуырдзыстон æмæ Эстонийы æхсæн уæвæг диссаджы ахастытæ нæ нациты дзæбæхдзинадæн. Фæнды мæ зæгъын уын, цæмæй мæ бæстæ æмбаргæйæ райста йæхимæ барн уа Гуырдзыстоны æргомзæрдæ æмæ æууæнкджын хæлар демократон æмæ экономикон рæзынады, Евро-атлантикон интеграцийы фæндагыл. Ныфс мæ ис, цæмæй Гуырдзыстоны ацы быцæусидтытæй æфсæст афон, адарддæр кæндзыстут иумæйаг бындуры æмæ копмпромисстæ агурын, цæмæй политикон тыхты æхсæн уæвæг афтид бынæттæ баххæст уа. Парламенты æххæст политикон спектры уæвынад, бæстæйы мидæг стабилондзинад æмæ æмуддзинад критикон нысаниуæгджын сты ахæм вазыгджын сыхы уæвæг демократон бæстæйы рæзынадæн. Æрвитæм уын æппæт хуыздæр арфæтæ ацы æрдæм æмæ нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын нæ ахуыр, диссаджы æмгуыстадмæ», – банысан кодта Эстонийы премьер-министр.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.