Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр - 11 азы размæ, абоны бон, Уæрæсе Гуырдзыстоны ныхмæ æфсæддон агресси райдыдта
11 азы размæ, абоны бон, Уæрæсе Гуырдзыстоны ныхмæ æфсæддон агресси сæххæст кодта, – уый фæдыл Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр, социалон хызаг «Твиттеры» фыссы.
«11 азы размæ абоны бон, Уæрæсе Гуырдзыстоны ныхмæ æфсæддон агресси райдыдта. 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдмæ æнæкæсгæ, Уæрæсе оккупацигонд Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æфсæддон контингент фæтыхджындæр кодта. Адæймаджы барты гуырымыхъхъ хæлд дарддæр кæны. Æхсæнадæмон барад хъахъхъæд хъуамæ уа», – фыссы Урмас Реинсалу.