Эстонийы æддагполитикъон уагдон - Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны регионтæ, сты Гуырдзыстонæй æнæраскуынгæ хай
Эстонийы æддагполитикъон уагдон - Абхазийы  æмæ Хуссар Ирыстоны  регионтæ, сты Гуырдзыстонæй  æнæраскуынгæ хай

Абхазийы  æмæ  «Хуссар Ирыстоны» регионтæ  сты Гуырдзыстоны æнæдихаг хай – уый фæдыл  эстонийы   фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фидиуæны мидæг у банысангонд.

Уагдон  социалон хызаг «Твиттеры»  Сирий  оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты  «хæдбардзинад» кæй  «банымадта»  уый тызмæг фауы   æмæ æхсæнадæмон дзыллæмæ  ахæм  скуыддзæгты  ныхмæ  ссиу уæвынмæ  æрсидтис.

«Фауæм  Уæрæсейы æххуысæй архайæг  Сирийы  режимы  æрдгæй,   Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхънæдзинады  гуырымыхъхъ халындзинад.  Æхсæнадæмон дзыллæ  хъуамæ  ссиу  уа  ахæм къахдзæфты ныхмæ.  Нæ позици у  бæлвырд: Абхазийы  æмæ Хуссар Ирыстоны  регионтæ, сты Гуырдзыстонæй  æнæраскуынгæ хай» – дзырдæуы  Эстонийы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фидиуæны.